preloader
сейчас в эфире
23:07
МЕЛОДИИ ГОР 12+
Смотрите Далее
23:25
АХУЫРГÆНÆГ 12+
ТВ ПРОГРАММА
МЕЛОДИИ ГОР 12+
close

Дигорайы районы цæттæ кæнынц хъæлæс кæныны иумæйаг бонмæ

3.08.2021 20:22

19 сентябры хъæлæс кæныны бон Цæгат Ирыстоны цæрджытæ æвзардзысты Паддзахадон Думæмæ депутатты.

19 сентябры хъæлæс кæныны бон Цæгат Ирыстоны цæрджытæ æвзардзысты Паддзахадон Думæмæ депутатты. Уыимæ ма республикæйы цалдæр районы æвзардзысты муниципалон скондты депуттаты дæр. Ныридæгæн районтæ хъæлæс кæныны бонмæ сæхи бæстонæй цæттæ кæнынц. Се ‘хсæн Дыгуры район дæр.


Туриты Лорæ цæры Дыгуры. Сентябры мæйы йе ‘нæниздзинад дзæбæхкæнынмæ сылгоймаг цæудзæн Санкт-Петербургмæ. Фæнды йæ йæ хæс сæххæст кæнын. Уымæ гæсгæ æрбацыд бынæттон хъæлæскæныны къамисмæ. Ам ын радтой, бынатмæ гæсгæ схъæлæс кæныны бар.

Паддзахадон думæмæ Æппæтуæрæсеон æвзæрстытæ ацæудзысты ацы аз 17-æй 19-æм сентябрмæ. Уыимæ мæ республикæйы цалдæр районы æвзардзысты муниципалитеттæй депутаттæ. Дыгуры районы схъæлæс кæныны фадат уыдзæн 12 сæрмагонд бынаты.

Æвзæрстытæм нæ республикæйы цæттæ кæнынц æппæт хъæугæ мадзæлттæ. Ныридæгæн уал кандидатты хабæрттæ бæлвырд сбæрæг кæнынæн къамисы уæнгтæ хъæугæ домæнтæ арвыстой сæрмагонд ведомтсвæтæм. Уый фæрцы æвзæрстытæ ацæудзысты æнæфæлывдæй. Уыимæ ма цæрджытæ хуыздæр базондзысты кандидатты.

Алы хъæлæскæнæн бынаты дæр кусдзысты бархионтæ. Эпидемиологон уавæрмæ гæсгæ, Дыгуры районы цæрджыты сифтонг кæндзысты низæй хи ‘хахъхъæныны мадзæлттæй дæр. Схъæлæс кæнын уыдзæн дыууæ хуызы. Хъæлæскæныны агъуысты. Фæсагъуыст та — схъæлæс кæныны фадат кæмæн нæй, уыдон.

Æвзæрстытæ цæудзысты 3 боны. Иу бонмæ цы сыфтæ æрæмбырд уой, уыдонмæ уыдзæн бæстон цæстддард. Хъахъхъæндзысты сæ хицæн нысангонд дзæкъулы. Хатдзæгтæ бæрæггонд æрцæудзысты æвзæрстыты кæрон.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Михаил Левитин
27.04.2024
Сабæттаг
27.04.2024
Борис Галати
27.04.2024
Международный день танцев
27.04.2024
Любовь
26.04.2024
Æлхуйнæ I 1972 анзбæл
26.04.2024
Зæххы фарста, куысты бынæттæ æмæ Дыгуры районы хабæрттæ
26.04.2024
Сыгъдæг Нинæйы номыл аргъуан
25.04.2024
О матче «Алания — Кубань» и ситуации в команде
25.04.2024
МИРОощущение: 25 апреля
25.04.2024
Мeждунapoдный дeнь coлидapнocти мoлoдёжи, кофе
25.04.2024
Къесати Валерий
25.04.2024
Айларты Эмилия
25.04.2024
Таха Акгюль на сборах в Осетии, подготовка сборной республики по вольной борьбе на предолимпийский чемпионат России
24.04.2024
Борьба с наркоманией
24.04.2024
Все рекомендуемое