preloader
сейчас в эфире
17:26
ВОКЗАЛ ДЛЯ ДВОИХ 12+
Смотрите Далее
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
БИНОНТÆ 12+
18:10
ГОЛОСА ГОР 12+
18:35
КУВÆГ ИР. ГАЛЗИЛÆН 12+
19:00
НОВОСТИ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ВОКЗАЛ ДЛЯ ДВОИХ 12+
close

Дихгонд ничи у!

3.12.2018 16:32

Абон æппæт дунейы бæрæг кæнынц, йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм адæмы бон.

Абон æппæт дунейы бæрæг кæнынц, йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм адæмы бон. Тæригъæдмæ сæ ничи `нхъæлмæ кæсы. Иннæ адæмы `мрæнхъ лæууынц. Сæхи алыхуызон дæсныйæдты фæлварынц, кæцыдæртæ та спорты бæрзонддæр къæпхæнтæм тырнынц. Нæ уацхæссæг уын радзурдзæн, инвалидты къæлæтджыны чи бады, уыдоны цардуарзондзинады тыххæй.

Æвæдза, цас бæллицтæ уыд æвзонг лæппуйы зæрдæйы. Фæлæ Цæрикъаты Амурбегæн йæ цард доны тæбæгъау фæфæлдæхт. 3 азы размæ фыдбылызы бахауд. Æрыгон футболистты командæ ерыстæй хæдзармæ сцæйздæхт. Цы хæдтулгæйыл цыдысты, уый фæндаггон бæллæхы бахауд. Амурбегæн йæ астæуыхъæд æвзæр цæф фæцис. Уæдæй фæстæмæ инвалидты къæлæтджыны бадгæйæ баззад.

Цæрикъаты Амурбек: «Фæндаггон фыдбылыз куы æрцыд, уæд æй æз минуты `рдæгмæ бамбæрстон, мæ астæуыхъæд хъыгдард кæй байæфта, уый. Уымæн æмæ мæ къæхтæ нал æмбæрстон. Мæ буар тынг рыст. Уый фæстæ рынчындон. Операци. Тæрсгæ нæ фæкодтон. Æмбарын æй, ноджы æвзæрдæр фæстиуджытæн сæ бон æрцæуын кæй уыд, уый. Автобусы 15 лæппуйæ уыдыстæм. Уыдон дарддæр хъазынц футболæй. Уый мæнæн тынг æхсызгон у».

Ахæм цардыуагмæ æрыгон спортсмен æппындæр цæттæ нæу. Ныртæккæ дуканимæ, киномæ, суанг ма уынгмæ рацæуын дæр лæппуйæн зын у. Йе `нæниздзинад хъыгдАрд кæмæн у, уыцы адæмæн нæ республикæйы хъæугæ мадзæлттæ арæзт нæй. Уымæ гæсгæ сын горæтмæ рацæуын зын у. Амурбег куыд зæгъы, афтæмæй сæ хиуæттæ æмæ хæлæртты руаджы ирвæзынц.

Цæрикъаты Амурбек : «Фыццæгæм уæладзыджы цæрын. Мæ фыдимæ иумæ фатермæ схизæн сарæзтам нæхи хъаруйæ. Фадат мын фæзынд иунæгæй мæ хъуыддæгты фæдыл рацæуынæн. Раздæр пандусты ис нæ горæты æви нæй, уымæ мæ хъус нæ дардтон. Фæлæ ныр къуылымпытæ æййафын куы райдыдтон, уæд сæ бамбæрстон».

Амурбеджы хуызæттæ нæ республикæйы бирæ сты. Ахæм хуызы йе `нæниздзинад хъыгдАрд кæмæн у, уыдоны нымæц 17 мин адæймаджы бацис. Æрвылбон сын сæ цард фæрогдæр кæныныл архайынц. Сæйрагдæр та – се `нæниздзинад фæхъæддыхдæр кæныныл. Ахæм федералон программæмæ гæсгæ куыст ног азы дарддæр кæндзысты.

Дзгойты Залинæ, РЦИ-Аланийы фæллой æмæ социалон райрæзты Министрады инвалидтимæ кусыны хайады сæрдар: «Мах куыстуат хъæугæ дзаумæттæй ифтонг кæнæм. Уый нын нæ куысты авналæнтæ парахатдæр кæны. Нæ сæйрагдæр нысан – йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдонæн сæ низ фæрогдæр кæнын».

Цæрикъаты Амурбегыл 29 азы цæуы, уыдонæй 20 йæхи футболы фæлвæрдта. Афтæ йæм каст, æмæ спорты йæ фæндæгтæ æхгæд сты. Фæлæ та йæм цард йæ мидбылты бахудт. Ныр йе `ргом спорты ног хуызмæ аздæхта. Рапирæ йæ къухмæ иу мæй размæ райста. Куыд зæгъы, афтæмæй тохы бацæугæйæ фæхъуыды кæны æрмæст уæлахизыл. Йæ хъару æнæвгъауæй хардз кæны тренировкæты.

Цæрикъаты Амурбег: «Фехтовани цæмæ? Фыццаджыдæр уымæн, æмæ дзы футболимæ иудзинад ис. Кæмдæр дзы ныхмæлæууæджы фæсайын хъæуы, кæмдæр цырд фезмæлын. Мæ зæрдæ та мын æппæты тынгдæр уымæн балхæдта, æмæ олимпаг хъæзтыты хуыз кæй у. Мæ фæндтæ, мæ хъуыдытæ баст сты спортимæ».

Амурбег сæрмагонд залы архайы. Ам спортсментæм уæлдай цæстдард ис. Ам сæ ничи дих кæны. Уæдæ тæригъæдмæ дæр не нхъæлмæ кæсынц. Уымæн æмæ сты професионалон спортсментæ.

Алексий Лазариди, РЦИ-Аланийы фехтованийы паралимпаг хъæзтыты иугонд командæйы тренер: «Ерыстæм куы фæцæуæм, уæд Беслæны аэропортæ фæндагыл Амур фæбады йæ инвалидты къæлæтджыны. Уымæй уæлдай ма фæласы фехтованийы сæрмагонд къæлæтджын æмæ йæ дзаумæттæ. Афтæмæй атæхæм».

Амурбег зындзинæдтæй нæ тæрсы. Йæ размæ бирæ хæстæ æвæры. Фæнды йæ паралимпаг хъæзтыты уæлахиздзау суæвын. Фæлæ царды йе `стырдæр бæллиц у инвалидты къæлæтджынæй сыстын. Бантысæд ын!

Уазиты Зæлинæ

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
29.08.2026 I На крючке
29.08.2026
Ход истории I Скифский мир
28.08.2026
Хӕдзарадон I Зæххыты æмæ фыййæутты кадавардзинад  
28.08.2026
Æфсæддон дохтыры Бон, Цæгæраты Максимы юбилей æмæ нæ музыканттæ Китайы I Йæ рæстæгыл
28.08.2026
Выборы-2026. Дебаты
28.08.2026
Многоликое искусство I Доброе утро, Осетия!
28.08.2026
27.08.2026 I Фæд
27.08.2026
27.08.2026 I Ирон чат
27.08.2026
27.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
27.08.2026
Амина Боранти I Истории из жизни
26.08.2026
Валерия Гагарцева I Дело мастера
26.08.2026
Межнациональные браки I Среда влияния
26.08.2026
День актера I Доброе утро, Осетия!
26.08.2026
Белла Бериева I Профессиональный путь
25.08.2026
Йæ рæстæгыл I 25.08.2026
25.08.2026
Все рекомендуемое