Ахсджиаг цаумӕ ма баззад мӕйӕ къаддӕр. Хæстæгдæр рæстæг республикæйы ацæудзысты æвзæрстытæ. Ныртæккæ цæуынц цæттæгæнæн мадзæлттæ. Раззаг къæпхæнтæй иу æвзарæн бюллетеньтӕ скæнын. Фыццаг хатт информаци рӕгъмӕ рахӕсдзысты ирон ӕвзагыл дӕр. Уый фӕрцы хъӕлӕс кӕныны процесс алкӕмӕн дӕр уыдзӕн æнцонвадатдæр.
Алы ӕвзарӕг дӕр райсдзӕн дыгай экземпляртӕ – федералон ӕмӕ иумандатон зылдтæм гӕсгӕ. Ӕдӕппӕтӕй бацӕттӕ кӕндзысты 1 милуан 23 мин 800 бюллетены. Нымад типографийы кусджытӕ æххæст кӕнынц къухӕй, ӕвзарӕн къамисы уӕнгты бæстон цӕстдардӕй. Куыст цӕуы 25 августӕй ӕмӕ фӕуыдзӕн 9 сентябры. Республикӕйы ӕвзарӕн къамисы сӕрдары хӕдивӕг Хъуыдакаты Сослæнбег куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй ирон ӕвзагӕй официалон документты пайда кӕнын у ахсджиаг къахдзӕф йӕ парахат кӕнынӕн.
Æвзарӕн бюллетентӕ иронау фӕзындзысты федералон закъонмӕ гӕсгӕ Уӕрӕсейы Федерацийы адӕмты ӕвзӕгты тыххӕй. Уый фидар кӕны бæстæйы ӕппӕт адӕмты бар мадӕлон ӕвзаг бахъахъхъӕнынӕн ӕмӕ рӕзынӕн.
















