Хиӕнкъарынад, зӕрдӕйы уавӕр, аллерги. Ӕппӕт дӕр райдайы ӕрфарстӕй, донор хъуамӕ уа ӕнӕниз. Туг дæттæн нæй инфекцитӕ, вирусон ӕмӕ хроникон низтӕ, ныллӕг гемоглобин ӕмӕ туджы ӕлхъывдад бæрзонд куы уа, уæд. Æппӕт бӕрӕггӕнӕнтӕ дӕр хъуамӕ уой ӕмбӕлгӕ æмвæзадыл.
Адджын цай донацийы размӕ сси традици. Уромы ӕлхъывдад цӕхгӕр ӕрхауынӕй ӕмӕ ӕххуыс кӕны сӕкӕры ӕмвӕз бахъахъхъӕнынӕн. Цайцымӕны фӕстӕ та сӕйраг хъуыддагмӕ бавналӕн ис.
Сисынц 450 миллилитры туг. Уый фаг у ӕртӕ адӕймаджы уыциу рӕстӕг фервӕзын кӕнынӕн. Иу хаттӕн донор райсы ӕхцайы компенсаци — 700 сомӕй 900 сомы онг. Фӕлӕ бархионтӕ ӕхцайы тыххæй не ‘рбацæуынц.
Датдеты Заирӕ ныр фарӕстӕм хатт дӕтты туг. Фӕнд кӕны стӕджы магъзы донор суӕвын дӕр, ныртӕккӕ рынчындӕтты уӕлдай тынгдӕр нӕ фаг кӕны. Туджы системӕйы ахсджиагдӕр оргӕн ӕнӕмӕнг хъӕуы онкологон, гематологон ӕмӕ автоимунон низты рæстæг. Ацы хатт акцийы архайдтой 100 адӕймагӕй фылдӕр. Ӕмӕ азӕй-азмӕ нымӕц рӕзы.
Бархионты фӕрцы дохтыртӕ ирвӕзын кӕнынц сӕдӕгай адӕймӕгты. Цӕгат Ирыстоны ӕрмӕст стӕджы магъзы донортӕ 3 минӕй фылдӕр ис. Семӕ баиу уӕвын ӕнцон у. Æрмæст æнæиздзинады домæнтæн дзуапп дӕттын, курдиат бадӕттын, паспорт ӕмӕ СНИЛС демӕ æрбахӕссын.
















