Цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой Дзæуджыхъæуы цæрджыты уарзондæр бынат – Доны станцæйы. Улæфæн бынатæн хъæздыг истори ис, фæлæ дзы бындурон цалцæггæнæн куыстытæ никуы уыд. Ныр ам, проектмæ гæсгæ, фæзындзæн бирæ ног цымыдисаг бынæттæ. Се ‘хсæн аквапарк æмæ фысымуат.
Ам, – хур бон уа æви къæвда бон, – кæддæриддæр адæймæй къахбавæрæн дæр нæ вæййы. Горæты цæрджытæ æрвылбон дæр ам тезгъо кæнынц. Уæвгæ æнæхъæн бинонтæй дæр æрбацæуынц. Уæдæ алы райсом та Доны станцæ æрбангом кæны, спортыл æнувыд чи у, уыдоны. Станцæйæн йæ истори у хъæздыг. Йæ равзæрдæй абоны онг у цæрджыты сæйраг улæфæн бынат. Фæлæ дзы уал азмæ бындурон цалцæггæнæн куыстытæ никуы уыд. Уæвгæ, Дзæуджыхъæуы цæрджытæ ацы бынатмæ хъус æрдарын рагæй куырдтой.
Егъау куыстытæ ам æрæджы райдыдтой. Ныридæгæн дзы исынц фæндаджы уæлцъар. Хæстæгдæр рæстæг райдайдзысты цадты былгæрæттæм зилын. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæрдар Милдзыхты Вячеслав равдыстой, ныридæгæн куыстытæй бакæнын къухы цы бафтыд, уый. Бæлвырд ын радзырдтой, дарддæр ма дзы цы куыстытæ баххæст кæндзысты, уыдоны тыххæй. Проектмæ гæсгæ дзы æрфидар кæндзысты былгæрæттæ, сног кæндзысты коммуналон хæтæлтæ. Фæзындзысты сывллæттæн æмæ спортивон фæзуæттæ.
















