Задалескы Нанайы кувæндон. Æрвылаз августы фыццаг сабаты Ирыстоны алы кæмттæй ардæм сæ кувинæгтимæ сæмбæлынц æгас бинонтæй. Кæстæрты базонгæ кæнынц рагон цаутимæ. 14 æнусы кæрон Аланты зæхмæ æрбабырстой Тамерланы æнæкæрон æмæ æнæнымæц тугмондаг æфсæдтæ. Тæригъæд нæ зыдтой, сахартæ æмæ хъæутæ бакодтой пиллон прты цæхæры. Уæд, таурæгъмæ гæсгæ, Нана æрæмбырд кодта сывæллæтты. Бамбæхста сæ лæгæты. Уым сæ, куыд йæ бон уыд, афтæ хаста.
Авд æнусы рацыд уæдæй нырмæ, фæлæ адæм абон дæр бузныг сты хъæбатыр сылгоймагæй. Сывæллæтты кæй аирвæзын кодта. Уымæ гæсгæ йæм арæхдæр скувынц рæзгæ фæлтæры рухс фидæны тыххæй, сабиты йыл бафæдзæхсынц. Ам алкæйдæр уырны: ацы рагон сыгъдæг бынаты æнæмæнг æххуыс кæй райсдзысты, уый
Алæмæты тых æнкъарынц Ирыстоны уазджытæ дæр. Степан æмæ Маргаритæ Мæскуыйæ сты. Дыууæ къуырийы арвыстой нæ республикæйы аив кæмтты. Бæрæгбоны тыххæй куы базыдтой уæд саккаг кодтой Дыгургоммæ.
Кадджын бæрæгбоны фæдыл Æрæфы районы адæмон театр бацæттæ кодта хъæздыг сфæлдыстадон программæ. Нанайы тыххæй азæлыдысты зарджытæ, кастысты æмдзæвгæтæ. Аив кæфтытæй æмæ фæндырдзæгъдæй барухс кодтой адæмы зæрдæтæ.
Бæрæгбоны фæдыл кадджын мадзæлттæ бабæрæг кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Арфæ ракодта регионы цæрджытæн æмæ уазджытæн. Уæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, йæ бадзырдмæ гæсгæ 2023 азы бæрæгбон сси официалон.
Сæдæгай адæймæгты Зæдæлескы цы цаутæ æрбангом кодтой, уыдонæй рацыд æнустæ. Фæлæ абон дæр зæрдæты цæры Нанайы рухс ном. Кад ын кæнынц куыд ирвæзынгæнæгæн. Йæ хъайтардзинады тыххæй дзурынц фæлтæрæй фæлтæрмæ.
















