preloader
сейчас в эфире
00:58
Самое время ( повтор) 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДÆ РАЙСОМ ХОРЗ, ИРЫСТОН! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
01:20
НОВОСТИ (ПОВТОР) 12+
01:40
НА ДАЛЬНЕЙ ЗАСТАВЕ (5-АЯ СЕРИЯ) 16+
ТВ ПРОГРАММА
Самое время ( повтор) 12+
close

Дзӕуджыхъӕуы ахицӕн сты хӕстон-патриотон цӕттӕдзинады ерыстӕ

30.04.2026 16:53

Ахæм у “Зарница 2.0”-йы фӕлварӕнтӕй иу. 250 скъоладзауӕй фылдӕр абон тох кӕнынц регионалон къӕпхӕны фыццаг бынат бацахсыныл. Дзӕуджыхъӕуы скъолаты 26 командӕйы цӕттӕ сты сӕхи равдисынмӕ алыхуызон здæхтыты.

Цӕф хæстон хуыссы быдыры, йӕ алыварс гӕрзифтонг фыдгултӕ, фӕлӕ сыстын йӕ бон нӕу. Хӕс — куыд гӕнӕн ис, афтӕ тагъддӕр салдатмӕ баирвӕзын ӕмӕ йын фыццаг ӕххуыс бакӕнын.

Ахæм у “Зарница 2.0”-йы фӕлварӕнтӕй иу. 250 скъоладзауӕй фылдӕр абон тох кӕнынц регионалон къӕпхӕны фыццаг бынат бацахсыныл. Дзӕуджыхъӕуы скъолаты 26 командӕйы цӕттӕ сты сӕхи равдисынмӕ алыхуызон здæхтыты.

Командӕтӕ райдайыны размӕ сæхи ‘хсæн байуарынц хæслæвæрдтæ. Ахсджиаг у алы архайӕджы раз дӕр бӕлвырд хӕстӕ сӕвӕрын. Ӕндӕр хуызы хорз фӕстиуӕг къухы нӕ бафтдзӕн.

Бекъойты Айсан — Цӕгат Кавказы Суворовы училищæйы кадет. Зарницӕйы фыццаг хатт нӕ архайы. Фарон йӕ командӕ бацахста ӕртыккаг бынат. Ныртӕккӕ та хъавынц сызгъӕрин майдан байсынмӕ. Лæппу у ныфсхаст, уæдæ йе ‘мбӕлттӕ дæр хъæддых зӕрдӕйы уагæй цух не ‘ййафынц.

Уӕлахизыл тох кӕнынц 18 азы онг фӕсивӕд 6 здæхты: экстремалон уавӕрты аирвӕзын, тактикон медицинӕ, штурмовикты ерыстӕ, хӕстон эстафетӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. “Зарницӕ” у “Фыццӕгты змӕлды” сӕйраг проекттӕй иу.

Архайд алкӕмӕн дӕр пайда у. Фӕсивӕдмæ рӕзы фӕразондзинад, координаци, реакци. Азӕй-азмӕ” Зарницӕ” кӕны егъаудӕр, фӕлварӕнтӕ та —зындӕр. Проекты ма ис ерыстӕ хӕстон уацхӕсджытӕн, медиктӕн, æнæпилотон тæхæг аппаратты специалисттӕн ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, граждайнаг здӕхт.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Хохойти Энвер I Уидӕгты ирдгӕ
30.07.2026
Фильм «Дух барса» I Подробнее
30.07.2026
Чырыстон фæд
30.07.2026
Тугдадзинты ӕнӕниздзинад ӕмӕ ӕппӕтдунеон нывӕфтыды бон I I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
30.07.2026
Готовая кухня I Среда влияния
29.07.2026
Художественный взгляд I Доброе утро, Осетия!
29.07.2026
Дзау I Вокзал для двоих
28.07.2026
Хохоев Сослан I Профессиональный путь
28.07.2026
Мадæлон æвзаг æмæ журнал «Чырыстийы цард»-ы тыххæй | Йæ рæстæгыл
28.07.2026
Адæймаджы æнæнидзинад æмæ нырыккон психологи I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
28.07.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 8: Этногенез алан | Ossetica
27.07.2026
27.07.2026 | Самое время
27.07.2026
Мастера преображений I Доброе утро, Осетия!
27.07.2026
В итоге: 26.07.2026
26.07.2026
Елхоттæй дарддæр I 26.07.2026
26.07.2026
Все рекомендуемое