Ахӕм театртӕ ӕнӕхъӕн дунейы дыууӕ йеддӕмӕ нӕй, æмӕ сæ иу байгом Дзӕуджыхъӕуы. Ацы сценӕйыл классикӕ зӕлы бынтон ног хуызы. Зӕгъӕм, Александр Пушкины зындгонд рӕнхъытӕ “Руслан ӕмӕ Людмилӕ”-йӕ артисттӕ кӕсынц нæ мадӕлон, ирон ӕвзагыл.
Ам зæлдзæн дыууӕ ӕвзаджы — ирон ӕмӕ уырыссаг. Поэзийы театр байгом кодтой Адӕмты иудзинады азы ӕмӕ Ӕртыккаг ӕппӕтадӕмон фестиваль “Ирон фӕндыр”-ы фæлгæты. Проекта автор — поэт æмӕ тӕлмацгӕнӕг Баситы Зӕлинӕ. Фæрæзтæ та йын нæ бавгъау кодта меценат Мӕрзойты Тамерлан. Аивадон разамонӕг Цӕриаты Валерийы уырны: ацы театр регионы культурӕмæ бахæсдзæн ног уддзæф.
Ныртӕккӕ труппӕйы бындур ӕрӕмбырд кодтой, фӕлӕ, æнæмæнг, рӕздзӕн. Театр суыдзӕн ӕрыгон курдиӕттӕн райдайӕн фӕз: поэттӕ, фысджытӕ ӕмӕ актертӕн.
Бӕрӕгбонмӕ ӕрцыдысты уазджытӕ Мӕскуы, Таджикистан, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Цӕгат Кавказы регионтӕй. Арфæйы ныхæстæ сын загъта республикӕйы национ политикӕйы министр Бӕгъиаты Алан.
Актерты сӕйраг нысан — поэзи цардӕгас ӕмӕ цымыдисаг скӕнын. Æмæ сæ фыццаг театрдзауты тыхджын къухӕмдзӕгъдмӕ гӕсгӕ бæрæг у — сæ къухы æфты.
















