Дзанайты Барис сарӕзта ӕмбырд, республикӕйы территорийыл цы культурон бынтӕ ис, уыдон бахъахъхъӕныны фарстаты фӕдыл. Бӕстӕйы иумӕйаг паддзахадон реестры регистрацигонд ӕрцыд 746 объекты, уыдонӕй 412 сты федералон, 334 та – регионалон нысаниуæгимæ. Уый тыххæй фехъусын кодта республикӕйы культурон бынты объекттӕ хъахъхъӕныны комитеты сӕрдар Гӕлуаты Ацӕмӕз. Цӕгат Ирыстоны дарддӕр ӕвӕрынц информацион фæйнæджытæ архитектурон цыртдзӕвӕнтыл. Ахсджиаг хӕс — объектты историон хуыз бахъахъхъӕнын. Сӕрмагонд фӕрӕзты хардзӕй Дзӕуджыхъӕуы реставрацигонд ӕрцыдысты 15 бæстыхайы æддаг къултæ, уыимæ ма 12-ы куыстытӕ дарддӕр цӕуынц. Уӕлдай ӕргом здахынц арæзтæдты разуынд сног кӕнынмӕ, культурон бынтӕ бахъахъхъӕныны домӕнтӕм гӕсгӕ. Дзанайты Барис фӕнысан кодта, рагон архитектурӕйы цыртдзӕвӕнтӕ хъуамӕ суой регионы туристон хъомысы хай.
















