Сценæмæ рахизыны размæ лæппутæ æмæ чызджытæ афæдз цæттæ кодтой. Алыхуызон диагнозтимæ æнахъомтæ сæхиуыл куыстой, цæмæй сæ курдиат равдисой. Маматы Амирыл цæуы 12 азы, проект “Ирыстоны сывæллæттæ”-йы архайы фыццаг бонтæй фæстæмæ. Бацæттæ кодта йæ уарзондæр зарджытæ -“Вперед, Россия” æмæ “Улыбка”. Лæппу бирæ фæзилæнты агуры йæхи, фæлæ йын зæрдæмæ хæстæгдæр у вокал. Фæлтæрдджын разамонджытимæ фæахуыр кæны ног уацмыстæ, æхсызгонæй фенхъæлмæ кæсы алы фембæлдмæ дæр.
Ходы Камал, Владимир Высоцкий, Козаты Æхсар — Мыртазты Асланы уарзондæр поэттæ. Се сфæлдыстад лæппуйæн уæлдай хæстæг у. Ноджы ма Аслан хорз цæгъды доулийыл, ахуыр кæны кафыныл æмæ зарджытæ кæны ирон æвзагыл.
Проекты ныридæгæн ис 20 сывæллоны. Æппæты кæстæрыл цæуы 8 азы, хистæрыл 21. Архайынц центр “Ныфс”-ы бындурыл. Разамынд сын дæттынц актрисæ Гасынты Алинæ æмæ музыкант Дзанайты Эльмирæ. Уыдон сæ хæсыл нымайынц сфæлдыстады фæрцы сæ ахуырдзауты миддуне æмæ курдиат раргом кæнын. Алкæмæ дæр сын ис сæрмагонд ахастдзинад. Ныййарджыты ныхæстæм гæсгæ ахадындзинад бæрæг у: сывæллæттæ свæййынц ныфсджындæр, сæ гæнæнтæ фæфылдæр вæййынц.
Республикон фестиваль у куыд чысыл сфæлдыстадон фæлварæн. Сабитæ зарынц, кафынц, кæсынц æмдзæвгæтæ. Фарон дæр ма сæ ныййарджытæ æнхъæл дæр нæ уыдысты сценæйыл сæ кæй фендзысты, уый. Ныр та сын сывæллæттæ сæ равдыстытæй балæвар кодтой ирд æнкъарæнтæ. Мадзаларазджытæ бацæттæ кодтой цыбыр видеоæрмæджытæ алы хъомылгæнинаджы тыххæй. Равдыстой сын сæ истори: зындзинæдты сæрты куыд хызтысты æмæ сæ удыхъæд куыд фидар кодтой.
Проект “Дети Осетии”-йы сæйраг нысан у хъыгдард æнæниздзинадимæ сывæллæтты раз балæууын. Раргом кæнын сæ курдиат. Ам алы архайæгмæ дæр фæзыны ныфс æмæ хиуыл уæндондзинад, уый та цыфæнды хæрзиуджытæй дæр зынаргъдæр у.
















