Зæххыты уавæр, Къостайы хæдзар-музейы цалцæг æмæ спортсмен-экстремал.
Хъæууонхæдзарадон зæххыты уавæр нæ республикæйы бынтон хæрзтæй нæу. Ууыл æрæджы сæрмагонд æмбырд сарæзтой республикæйы разамынды дæр. Зæххыты хъомыс æмæ бæркад кæй сæфы, уымæн та йæ аххосæгтæ бирæ сты. Куыд ис хъуыддагыл бакусæн æмæ зæххыты ахадындзинад фæхуыздæр кæнæн? Уый уыд нæ дзырды сæр студийы уазæгимæ.
Афтæ ма ныхас кодтам, Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы хæдзар-музей цалцæгыл. Йе `ддаг бакастмæ зæрдæ `хсайы, æрцæуæджы цæсты дæр уæдæ цастæ ахаддзæн. Цы бакæнын хъæуы, цæмæй музей йæ хуыз кала, ууыл дзырдтам кусæндоны разамонæгимæ.
Нæ равдысты кæронбæттæны та нæм фæуазæг, сабыр æмæ æнæнцой цард кæнын чи нæ зоны, ахæм æрыгон лæппу. Йæ арæхстдзинæдтæ уынджы æвдисын куы райдайы, уæд æм адæм æркæсынц. Искуы-иу ма йæм дзы загъд дæр акæны. Цæмæн, уый та нын йæхæдæг радзырдта.














