“Мы выбираем здоровое будущее!”. Ахæм сæргондимæ Дзæуджыхъæуы ацыд велоспедтыл дугъ. Горæты астæу сæмбырд сты спорт уарзджытæ. Марафон райдыдта райсомы дæс сахатыл Советон Цæдисы дыууæ хатты хъæбатыр Плиты Иссæйы цыртдзæвæны цур. Финишыл та снысан кодтой Къесайы фырты уынджы спортивон фæз.
Архайыны фадат дзы уыд кæй фæнды, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Ахæм хуызы цæрджыты ‘хсæн парахат кæны æнæниз царды уаг. Велосипедтыл дугъ сбастой хъæлæс кæныны иумæйаг бонимæ. Афтæмæй республикæйы æвзарæн къамис афоныл æмæ бæстонæй хæццæ хъæугæ информаци. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, кандидатты равзарæн уыдзæн 7-æм æмæ 8-æм сентябры. Цæгат Ирыстоны ацæудзæн 8 æвзарæн кампанийы.
















