Ковиды ныхмæ мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый фæдыл специалисттæ аразынц рейдтæ. Кæсынц базарадон центртæ æмæ хойрæгты дуканиты уавæрмæ.
Сæйрагдæр домæнтæ: маскæтæ дарын, социалон дистанци æххæст кæнын æмæ дезифекцигæнæн фæрæзтæй пайда кæнын. Уый хауы куыд кусджытæм, афтæ фæлхасгæнджытæм дæр. Персоналмæ аиппытæ нæ разынд. Бӕрӕг кӕнынц QR-кодтӕ, журналы та фӕнысан кӕнынц бӕстыхӕйтты ӕфснайд ӕмӕ тӕвдбарыны бӕрӕггӕнӕнтӕ. Специалисттæ адæмæн æмбарын кæнынц карантины мадзæлтты хъомыс.
















