Дзæуджыхъæуы йæ куыст райдыдта ног проект «Диалог поколений». Йæ аразджытæ – куыстдæттыны комитет æмæ ахуырады министрад.
15 боны дæргъы Дзæуджыхъæуы 33-æм скъолайы ахуырдзаутæ ӕмӕ боныгон уӕвыны Центры хистӕртӕ æмгуыст кæндзысты. Сараздзысты алыхуызон мадзæлттæ: Флешмобтæ, брейн-рингтæ, арт-тимбилдингтæ æмæ экскурситæ. Сæйраг хæс æрыгон фæлтæры патриотон хъомылад.
















