Срæмыгъд уыд райсомы авд сахатмæ ‘ввахс. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, бæллæх æрцыд быроны контейнертæ æвдæлон кæнгæйæ. Фæмард дзы Спецэкосервисы иу кусæг. Бынаты дарддæр цæуынц слестгæнæн мадзæлттæ. Фыдбылызы æвдисæнтæ куыд зæгъынц, афтæмæй срæмыгъд тыхджын рауад.
Фыдбылыз æрцыд ивгъуыд къуырийы скълæдты цур. Уæд рагагъоммæ срæмыгъды аххосагыл банымадтой пиротехникæ раст кæй нæ дардтой, уый. Чи фæмард, уыцы 42-аздзыд нæлгоймаг Ирыстонмæ ссыд Узбекистанæй. Нæ къухы бафтыд йе ‘мкусæг, Спецэкосервисы кусæг Буниат Шировимæ аныхас кæнын.
Быронласæн хæдтулгæ сыфцæй аластой полигонмæ, йæ гуыффæйы ма тæссаг предметтæ ис æви нæ, уый сбæрæг кæнынæн. Уыцы иу рæстæг бынаты дарддæр архайы оперативон-слестгæнæн къорд иумæйагæй Мидхъуыддæгты министрады специалисттимæ. Сергей Меняйло йæ телеграм-каналы тæфæрфæс ракодта чи фæмард, уый бинонтæн. Уыимæ ма курдиатимæ фæсидт республикæйы цæрджытæм, цæмæй быроны контейнерты схæцынæй тæссаг предметтæ ма æппарой, фæлæ фæсидой специалисттæм, цæмæй алцыдæр æдасæй утилизацигонд æрцæуа. Ахæм предметтæ барвæндонæй раттыны тыххæй æфхæрд нæ цæудзысты.
















