Дзæуджыхъæуы райдыдта Цыхуырбаты Гурамы номыл æппæтадæмон турнир футболæй. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстон, уыимæ Краснодары край æмæ æндæр горæттæй 200-мæ ‘ввахс спортсмены архайдзысты фыццæгтæ суæвыныл.
23-æм августы та ацæудзысты кæронбæттæны ныхмæлæудтæ. Хуыздæртæ райсдзысты Кады гæххæттытæ, кубоктæ æмæ сæрмагонд лæвæрттæ спорты ветеранты къухтæй. Ерыстæ систы традицион. Цыхуырбаты Гурам – Ирыстоны зындгонд спортсментæй иу. 1968-æм азы уыд Советон Цæдисы националон командæ æмæ сæрдыгон олимпаг хъæзтыты иугонд командæйы хыгъды.
















