Цæхх æмæ хъацæнтæ хæринагыл фаг ныккодтой — уæд æй фынгыл æвæрынц. Абон менюйы ис хъæрмхуыпп, стæй картоф карчыфыдимæ. Хæринаггæнджытæ хойраг цæттæ кæнынц зæрдиагæй, уый иууылдæр æнкъарынц. Уæззау уавæры чи бахауд, уыдон ам ссарынц æххуыс æмæ хъармдзинад. Дзæуджыхъæуы социалон приютæн бындур сæвæрдтой 1999 азы.
Приют фæзынд бæстæйы уæззау рæстæг куы уыд, уæд. Экономикон æмæ политикон уавæр ивта æмæ бирæтæ баззадысты æнæ хæдзæрттæй. Уæд сфæнд кодтой социалон приют байгом кæнын, у лæвар.
Абон приют сæ хæдзарыл нымайынц 30 адæймаджы. Ам исынц алыхуызон лæггæдтæ: медицинон, коммуникативон æмæ ма суанг барадон. Социалон хæрæндон сæ æххæст кæны лæвар хæрдæй. Æппæт хæрдзтæ дæр сты республикон бюджетæй. Æххуысы фæдыл æрбацæуын сæ бон у фæкæсынцух адæмæн.
Хъарм хæринаг адæймагмæ фембæлы куыддæр æххуысы фæдыл æрбацæуы, афтæ. Социалон хъахъхъæнынады управленийы уылты чи бахауы ардæм, уыдонæн та раттынц хойрæгты чыргъæд, кæнæ сихор. 30 бынатæн хæрæндон кусы 2018-æм азæй фæстæмæ, хæринаг цæттæ кæнынц бон 5 хатты. Менюйы вæййы урсагæй хæринаг, дзидза, дыргътæ, халсартæ æмæ адджинæгтæ. Куысты бон райдайы райсомы 7 сахатыл. Цæмæй афойнадал сцæттæ кæной хæрзад хæринаг.
Приюты цæрджытæн ма сарæзтой пет-терапи дæр. Æртæ куыдзы æртæ гæдыйы цæрджытæн лæвар кæнынц сæ хъармдзинад, æххуыс сын кæнынц зиндзинæдты сæрты хизын.
















