Æрыгон музыканттæ сæ арæхстдзинад равдыстой «Сыгъзæрин уадындзы» æркасты. Бацархайдтой дзы 200 адæймаджы Цæгат Кавказы алы регионтæй. Ерыс кодтой алы хуызы инструменттӕй цӕгъдынӕй, адæмон инструменттæ, академион æмæ эстрадон-джазон вокалæй.
Кæронбæттæн бон конкурсы архайджытæн сарæзтой дæсныйадæвдисæн ахуыртæ. Амыдта сæ Мæскуыйы консерваторийы профессор, æхсæнадæмон конкурсты лауреат Александр Струков.
















