Дзæуджыхъæуы зынгсирвæзты аххосæй фæмард 50-аздзыд нæлгоймаг. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады куыд хъуысын кæнынц, афтæмæй ссыгъд хи хæдзар Ларская, зæгъгæ, уынджы.
Арт апарахат 90 квадратон метры фæзуатыл. Сыхаг хæдзæрттыл зынг цæмæй ма бафта, уый тыххæй бынатмæ атагъд кодтой зынгхуыссынгæнджытæ. Архайдтой дзы техникæйы 6 иуæджы æмæ 27 адæймаджы. Ныртæкæ зынгсирвæст бантыст ахуыссын кæнын.















