Абон ма Дзанайты Барис архайдта Уӕрӕсейы экономикон рӕзты министрады ӕмбырды Цӕгат Ирыстоны социалон-экономикон рӕзты мадзӕлттӕ æххæст кæныны фӕдыл. Министры хӕдивӕг Сергей Назаровы разамындӕй фембӕлды ӕрныхас кодтой 2027 азы хыгъдыл ӕмӕ 2029-ӕм азмӕ пъланон ӕмгъуыдыл.
Бахастой 49 проекты, сӕ иумӕйаг аргъ — 14 миллиард сомы. Сӕйрагдӕрты ‘хсӕн — Беслӕны мемориалон комплекс “Зӕдты Сахар”-ы хӕрзвадат, Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ Черменыхъӕуы скъолаты арӕзтад, Беслӕн ӕмӕ Мӕздӕджы сывӕллӕтты аивадон скъолатӕ, Октябрскæйы культурӕйы галуаны бындурон цалцӕг. Программӕ кусы цалдӕр азы, уыцы рӕстӕгмӕ республикӕйы арӕзт ӕмӕ бындурон цалцæг æрцыд дӕсгай объекттӕ. Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлойы хъӕппӕрисӕй хыгъд баххӕст кодтой Мӕздӕджы ӕмӕ Горӕтгӕрон районты рӕзтӕй. Ныртӕккӕ арӕзт цӕуы ног курдиат объектты федералон программӕтӕм бахӕссынӕн. Дзанайты Барис куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй документ у ахсджиаг механизм. Уый фадат дӕтты республикæйы æппæт районты инфраструктурæ саразын ӕмӕ модернизаци скӕнын.
















