Æрымысгæ цаумæ гæсгæ Суворовы номыл училищæйы фыццаг уӕладзыджы ӕрцыд зынгсирвӕзт. Бынатмӕ ӕвӕстиатӕй сæмбæлдысты æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ. Бæстыхайæ æдас ранмæ ракодтой 433 ахуыргæнинаджы æмæ 60 педагогы. Фӕлӕ, тактикон фӕндмӕ гӕсгӕ, агъуыстыты баззадысты дыууӕ хъыгдардбаййафӕджы. Сӕйрагдӕр хӕс — сӕ фервӕзын кӕнын æмæ арт хуыссын кӕнын.
Уæлæмхасæн нын фехъусн кодтой, уавæр кæй фæуæзззаудæр, арт апарахат царыл. Зынгсирвæзты фæзуат фæфылдæр 20 квадртаон метры бæрц. Уайтагъд спайда кодтам сæрмагонд техникæйæ, бынатмæ балæвæрдам дон.
Ахуырты пайда кодтой техникæйы 15 иуæгæй. Æмархайд кодтой тагъд ӕххуысы, Мидхъуыддæгты министрады, Паддзахадон инспекцийы æмæ Севкавказэнергойы службӕты специалисттæ. Фыццаг бынатмӕ ӕрбахӕццӕ сты 16-ӕм зынгсирвӕзтон-ирвӕзынгӕнӕг хайады ирвӕзынгӕнджытӕ. Сӕ хӕс — уавӕрӕн ӕвӕстиатӕй аргъ скӕнын, зынгсирвӕзты ран сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ раст уынаффӕтӕ рахӕссын.
Объектмæ фыццаг æрбахæццæ стæм. Уавæрæн аргъ скодтам æмæ информаци дарддæр фæхæццæ кодтам. Сбæлвырд кодтам зынгсирвæзты ранг. Æвæстиатæй бынатмæ арвыстой специалистты зынгсирвæзты рангмæ гæсгæ. Иннæ дæлхайæдты æрбацыдмæ мах нæхæстæ æххæст кодтам гарнизоны хыгъды.
Иумӕйаг архайды фӕрцы зынгсирвӕзт аиуварс кодтой. Хъыгдардбаййафджытæн бакодтой хъæугæ æххуыс. Тасдзинады ӕмвӕзад уыд бӕрзонд. Фæстиуджытæ иуварс кодтой тыхты æмæ фæрæзты фæрцы. Разамынд стыр аргъ скодта бæрзонд цæттæдзинадæн.
Ахуыртæ ацыдысты бæрзонд æмвæзадыл, скодтам сын стыр аргъ. Ахуырты сæйраг нысан уыд бакусын ведомствæты хсæн æмархайдыл. Уыцы хæс баххæст кодтой иттæг хорз. Уымæй уæлдай ма фæфылдæр кодтам абоны мадзалы цы специалисттæ архайдтой , уыдоны фæлтæрддзинад.
Ахӕм тренировкӕтӕ ахуыргӕнӕндӕтты кӕнынц ӕппынæдзух. Уый уӕлдай ахсджиагдӕр у ног ахуыры азы размӕ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады разамынды ныхӕстӕм гӕсгӕ, зынгсирвӕзтон хайæдтæ сӕ хӕс сӕххӕст кодтой ӕмдыхæй ӕмӕ профессионалон ӕгъдауӕй. Специалисттæ цӕттӕ сты куыстмӕ ӕцӕг æвæстиаты цау куы уа, уӕд.
















