Дзанайты Барис фембæлд министртимæ. Æмбырды архайджытæн бабар кодта Дзæуджыхъæуы аивадон училищæйы бындурон цалцæджы проектон-сметон гæххæттытæ сног кæнын.
Ивгъуыд аз ахуыргæнæндоныл сæххæст 50 азы. Ахуыр дзы кæны бирæ фæсивæд æгас республикæйæ. Бæстыхай та у базилинаг. Дзанайты Барисы ныхæстæм гæсгæ, хауы культурон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объекттæм, æмæ уал ын раздæр хъæудзæн йе ‘ддаг бакаст среставраци кæнын. Æмбырды архайджытæ ма дзыртой æхсæнадон транспорты модернизацийыл. Ацы аз Цæгат Ирыстоны райсдзæн 92 ног автобусы. Сæ иу хай кусдзæн Дзæуджыхъæуы маршруттыл, иннæтæ та – республикæйы муниципалитетты æхсæн. Хæдтулгæтæ уыдзысты нырыккон системæтæй ифтонггонд. Сæ фыццаг хай æрбахæццæ уыдзæн мартъийы астæу. Хицауады уæнгтæ æрныхас кодтой туризмы рæзтыл дæр. Сæрмагондæй æрлæууыдысты модулон фысымуæттæ аразыны проекттыл.
















