Театрты райрæзт æмæ артисттимæ æмгуыстадыл кусæг фембæлды рæстæг ныхас кодтой республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис æмæ Мариинаг театры Цæгат Ирыстоны филиалы æрыгон оперон зарæггæнджыты Академийы, Дыгурон паддзахадон драмон театры аивадон разамонæг Гергиты Ларисæ.
Æмбырды ма архайдта оперæ æмæ балеты Театры æххæстгæнæг директор Гæлæуты Анатолий. Гергиты Ларисæ радзырдта, ныртæккæйы æмæ фидæны культурон проектты тыххæй. Премьер Уæрæсейы адæмон артисткæйæн загъта бузныг Цæгат Ирыстоны сфæлдыстадон райрæзт æмæ культурон хæзнатæ бахъахъхъæнынмæ стыр æвæрæн кæй хæссы, уый фæдыл. Фæнысан кодта, дыууæ театры дæр сты республикæйы ахсджиаг культурон бынтæ. Мариинаг театр суазæг кæны дунеон æмвæзадыл артистты. Уый у ахсджиаг хъуыддаг регионæн, – загъта Дзанайты Барис.
















