Дзанайы Барис Мæскуыйы фембæлд бæстæйы арæзтад æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Юрий Гордеевимæ. Премьеры ныхæстæм гæсгæ, Цæгат Ирыстон федералон программæтæ æххæст кæнынæн ацы аз райста миллиард сомæй фылдæр. Æхцайы фæрæзтæй рахай кæндзысты 40 æхсæнадон территори саразынæн дæр. Алагиры афæдзы кæронмæ фæзындзæн “Солнечная долина”, зæгъгæ. Уыдзæн дзы донуат, тезгъогæнæн бынæттæ, тренировкæгæнæн æмæ хъазынæн фæзтæ, уыимæ теннисы корт. Дыккаг зонæ аив кæнынц Беслæны. Культурæйы галуаны алыварс нывыл кæнынц литературон бынат, сæрдыгон сценæ æмæ æндæр ирхæфсæн бынæттæ. Мæздæджы та ног кæнынц Уæлахизы парк. Сараздзысты дзы амфитеатр æмæ роллердром. Уыимæ ма республикæ балæвæрдта курдиæттæ Æрыдоны, Мæздæджы, Алагиры, Горæтгæрон æмæ Дыгургомы районты, уыимæ Дзæуджыхъæуы дондзæуæн хæтæлтæ æмæ донсыгъдæггæнæнтæ саразынæн.
















