preloader
сейчас в эфире
17:10
СВЯТЫНИ РОССИИ. ВОЛГОГРАДСКАЯ ОБЛАСТЬ 12+
Смотрите Далее
17:20
ПРОФЕССИОНАЛЬНЫЙ ПУТЬ. НИНА ХУДИЕВА 12+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
ВО ВЛАСТИ МУЗЫКИ 12+
19:00
ХАБÆРТТÆ 12+
19:30
ЙÆ РÆСТÆГЫЛ 12+
ТВ ПРОГРАММА
СВЯТЫНИ РОССИИ. ВОЛГОГРАДСКАЯ ОБЛАСТЬ 12+
close

Дзбойты Батырбеджы райгуырдыл сæххæст 90 азы

4.03.2026 19:25

Бабле йæ фæстæ æрмæст кинонывтæ нæ ныууагъта. Равдыста адæммæ æмæ дæсныйадмæ цы ахастдзинад хъуамæ уа, уый. Уарзондæр куыстыл æнувыд уæвын æмæ царды зындзинæдтыл æмбæлгæйæ дæр стыр зæрдæимæ, æцæг адæймагæй баззайын.

Бабле – афтæ йæ фырбуцæй хуыдтой йæ хæлæрттæ æмæ зонгæтæ. Цæгатирыстойнаг телеуынынадæн Дзбойты Батырбег канд режиссер æмæ актер нæ уыд, фæлæ йæ уд. Студийы фæзынд та уæлдай ныхасы аккаг у. Уæды рæстæджы – экономикæйы зын уавæрты, алы уынаффæ дæр федералон центр куы нысан кодта, уæд Дзæуджыхъæуы кинойы рауагъдады фæзынд дисы ‘фтыдта.

Бындурæвæрджытæ кодтой фыццаг къахдзæфтæ кинойы. Кадртæ æвзæрстой студийы. Æмæ Бабле се ‘хсæн æппæты æрыгондæр уыд. Баскаты Уырызмæг мысы: Баблейы сценейыл федта 58-æм азы. Уайтагъд æй бамбæрста, сфæлдыстадон адæймаг кæй у,уый. Йæ бон уыд æххуысгæнæгæй, дыккаг режиссерæй, сценаристæй кусын. Æппæтдæр — цæмæй кинойы рауагъдад республикæйы рæза.

Йæ сæйрагдæр куыстытæй иу у “Прощайте, коза и велосипед”, зæгъгæ – æвдисы дзы йæ уæззау сабибонтæ. Ныййарджытæ хæстæй нал сыздæхдысты, сылгоймæгтæ идæдзæй фыдæбон кодтой æмæ хуыздæр цардмæ бæллыдысты. Фæлæ ахæм уавæрты дæр Бабле циндзинадæн бынат ссардта.

Йæ æмкусджытæ иу дисы бацыдысты, цас ын æнтысы, зæгъгæ. Йæ уды æмæ зæрдæйы сконд – аив. Батырбег критикæ иста. Йæхæдæг дæр иу афарста “Кæм и мæ рæдыд, хатдзæгтæ скæндзынæн”,зæгъгæ. Уый кинонывты æвдыста йæхæдæг хайджын цæмæй уыд, уыцы хорз миниуджытæ.

Абон Дзбойты Батырбеджы бынтæ – республикæйы кинойы, телеуынынады, радиойы егъау хай. Йæ куыстытæ бахъахъхъæнын у ахсджиаг хæс. Йæ кадртыл æгас Кавказы бирæ фæлтæртæ схъомыл.

Бабле йæ фæстæ æрмæст кинонывтæ нæ ныууагъта. Равдыста адæммæ æмæ дæсныйадмæ цы ахастдзинад хъуамæ уа, уый. Уарзондæр куыстыл æнувыд уæвын æмæ царды зындзинæдтыл æмбæлгæйæ дæр стыр зæрдæимæ, æцæг адæймагæй баззайын.

 

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Доброе утро, Осетия! I 16.10.2026
16.10.2026
167-летие Коста Хетагурова; Елена Ксенофонтова, Георгий Дронов и Юлия Тельпухова во Владикавказе и актуальные новости недели | Самое время
15.10.2026
15.10.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
15.10.2026
Хетæгкаты Къостайы кадӕн I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
15.10.2026
Абдурасул Казаков I Дело мастера
14.10.2026
Профилактика терроризма среди молодёжи I Национальные интересы
14.10.2026
Пробуем неизведанное I Доброе утро, Осетия!
14.10.2026
Хетæгкаты Къостайы 167 азы, тромбозимæ тох кæныны мадзæлттæ æмæ Беслæны адæмон театр | Йæ рæстæгыл
13.10.2026
Залина Караева I Профессиональный путь
13.10.2026
Микрозаймы I Разбор полетов
13.10.2026
Психологы амынддзинæдтæ æмæ поэзийы тых I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.10.2026
Мамиаты-Чехойты Евгения I Фæрдгуытæ
12.10.2026
12.10.2026 I Самое время
12.10.2026
Кинезиология и гирудотерапия I Доброе утро, Осетия!
12.10.2026
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
Все рекомендуемое