Фæндæгты цалцæг æмæ арæзтадæн федералон центр республикæйæн рахай кæндзæн 2 млрд сомы чысыл цухæй. Сæрмагонд бардзырд бафыста Уæрæсейы хицауады сæрдар Михаил Мишустин.
Æххуысы фæрцы ацы аз кæронмæ баххæст кæндзысты Дзæуджыхъæу-Æрыдон-Цыкола-Лескен фæндаджы арæзтад. Цæудзæн Мичуринойы иувæрсты.
Уымæй уæлдай 866 милуан сомы рахай кæндзысты туристон комплекс «Мамысон»-ы инфраструктурæйы арæзтадæн. Афæдзы кæронмæ рацараздзысты, курортмæ чи цæуы, уыцы тъуннел. Беслæны рæзты генералон планы фæлгæты дзы дыууæ азмæ бындуронæй сцалцæг кæндзысты 9 уынджы.
















