Адæймаг йæхæдæг куы бацархайа уæд æм каст дæр уыдзæн. Паддзахады `æххуысæй йæ къæхтыл чи слæууыд, ахæм хи хæдзарæдтæ дзæвгар ис нæ республикæйы. Уыдоны хсæн – Бахъаты бинонтæ. Бавдæлдысты, æмæ райдыдтой фосы куыст кæнын. Кæд фыццæгты æнцон нæ уыд, уæд ныр сæ фидæнмæ кæсынц уæндондæрæй, тырнынц ног нысæнттæм. Фæзминаг бинонты бабæрæг кодтой не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ дæр.
Нæ республикæйы æрдзон уавæртæ сты аккаг фос дарынæн. Уый хорз зонынц, ацы куыст чи каны, уыцы адæм. Бахъаты Георгий дæр уыдонæй у. Куыд зæгъы, афтæмæй йæм рагæй уыдис ахæм бæллицц – бирæ фос æмæ стыр фермæ саразын. Йæ фæнд гыццылгай йæ къухы æфты. Балхæдта хæрзхъæд фосы дыууæ хуызы. Хуымæтæджы нæ.
Хъæууон хæдзарад у ахсджиагдæр къабæзтæй иу. Фосы куыст чи кæны уыдонæн паддзахад райдыдта æххуыс кæнын æхцайы фæрæзтæй. Георгий дæр балæвæрдта курдиат æмæ райста субсиди. Уыцы ахцайы фæрæзтæй æнтыстджынæй пайда кæны.
Фермæ самадта йæхи хардзæй. Гранты фæрцы та стуртæ балхæдта. Ныртæккæ йæм стурвосы мыггагæй ис 11 сæры. Уыдонæй 6 сты хъуццытæ, æртæ дыгæрдгуытæ æмæ дыууæ роды. Уæдæ ма фæнд кæны, холлæгтæ кæм дардзæн, ахæм бынат саразын дæр.
Георгийы фыдæбон дзæгъæлы нæу. 8 мæймæ Бахъаты бинонтæ æхсыр æрдыгътой 16 тоннæйы, уый у дыууæ мин литрæй фылдæр иу хъуджы хыгъдмæ, кæнæ та 12 æхсыр иу бонмæ. Фыццаг къахдзæфтæ чи кæны уыцы фермерæн уый у хорз бæрæггæнæн, афтæ хъуыды кæны Æрыдоны хъæууон хæдзарады хайады сæйраг специалист.
Нæ æрмæджы хъайтар дæр алы бон кусы æмæ йын чысылгай æнтысы. Цæмæй йæ авналæнтæ фæуæрæхдæр уой, уый тыххæй фермеры хъæуы ног бынæттæ скæнын. Фидæны та йæ фæнды чысыл куыстуат саразын. Уый тыххæй Георгийы хъæуы паддзахады æххуыс.
Хæрзхъæд фосы мыггаг, республикæйы парахат нæу. Фос æмæ зæххы куыст удуæлдайæ чи уарзы, ахæм адæмæн хъæуы æххуыс кæнын. Уымæн æмæ канд сæхи райрæзтыл нæ архайынц, фæлæ æгас къабазы рæзтыл дæр. Разæнгард кæнын та хъæуы алкæйдæр, цæмæй куыст хæсса удæнцой æмæ æхцондзинад.
















