Дзæуджыхъæуы цæрджытæ æрымысыдысты Сирийы чи фæмард, уыцы тæхæг Роман Филиповы. Ленины фæзы горæты цæрджытæ сарæзтой акци.
Ныййарджытæ æмæ дзы сывæллæттæ хæдтæхæджы хуызы сæвæрдтой цырæгътæ. Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, 3-æм февралы Сирии террористтæ фехстой уæрæсейаг хæдтæхæг. Тæхæг, майор Роман Филиповы бон баци парашютимæ рагæпп кæнын. Куы æрбадт, уæд ма тох кодта фыдгæнджытимæ æмæ фæмард. амæлыны фæстæ майор Роман Филипповæн радтой Уæрæсейы хъæбатыры ном. Баззадис йын цардæмбал æмæ 4-аздзыд сывæллон.
















