Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты суæгъд кæндзысты коммуналон лæггæдты фиддонтæй.
Федералон закъоныпроектыл æрдзырдтой республикæйы парламенты Советы æмбырды. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæн цæрæнуæтты æмæ коммуналон лæггæдты фиддонтæ компенсацийы хуызы баххæст кæндзысты. Дыууæ льготæйы хуызæй спайда кæнæн ис кæнæ иу, кæнæ иннæйæ. Кæцыйæ уый хъуамæ равзара ветеран йæхæдæг. Ныртæккæ проекты фæлгæты фæзындзæн уæлæмхасæн льготæтæ дæр.
















