preloader
сейчас в эфире
04:20
СЕВЕРНЫЙ КАВКАЗ 12+
Смотрите Далее
06:00
МУЗЫКÆ 12+
06:35
ИРОНИЯ 12+
04:35
КАЗАКИ. СВЯЗЬ 12+
05:10
ПО ФАКТУ 12+
05:30
МУЗЫКА 12+
ТВ ПРОГРАММА
СЕВЕРНЫЙ КАВКАЗ 12+
close

Фыццӕгты Змӕлдӕн РЦИ-Аланийы паддзахадон бюро ӕмгуыст кӕнынц

27.08.2026 13:30

“Фыццӕгты Змӕлдӕн” ахӕм æмгуыстад у рӕзыны, пайдайаг зонындзинӕдтӕ исыны ӕмӕ фидӕнмӕ ныфсджындӕрӕй кӕсыны фадат.

Хи бартæ куыд бахъахъхъæнæн ис, закъонтӕ равзарын ӕмӕ зын уавӕры рæстдзинады бындурыл архайын — уый тыххӕй скъоладзаутӕн ӕмӕ студенттӕн радзырдтой профессионалон юристтӕ. Лекци ацыд паддзахадон юридикон бюроимӕ бадзырды фӕлгӕты.

Мæ фидæны дæсныйады мæ ацы зонындзинæдтæ бахъæудзысты. Хистæрты, сывæллæтты бартæ хæлд кæм æрцæуынц, ахæм цаутæ дæр рауайы. Уымæ гæсгæ нын ацы организацийы æххуыс хъæугæ у.

Хуыбылты Давиды уырны — барадон ахуырдзинад алкӕй дӕр хъӕуы. Уӕлдайдӕр, ӕхсӕнадон царды чи архайы ӕмӕ уынаффӕтӕ чи хæссы, уыдонӕн. Фæсивæдæн æнцонвадат ӕвзагыл ӕмбарын кӕны закъонӕвӕрд ӕххӕст кӕнын кӕй хъӕуы, уый. Царды алы уавӕрты дӕнцӕгыл зонгӕ кӕны бартӕ ӕмӕ хӕстимӕ. Ахӕм фембӕлдтытӕ йын феххуыс уыдзысты йӕ дарддӕры архайды.

Æхсызгон мын у, ахæм цымыдисаг мадзал нын кæй бацæттæ кодтой, уый. Мæнмæ гæсгæ ацы фембæлд махæн ахсджиаг уыд. Абон цы информаци базыдтам, уымæй æнæмæнг пайда кæндзыстæм фидæны.

Паддзахадон юридикон бюро адӕмӕн кæны лӕвар барадон ӕххуыс. Фыццаджыдæр цудыд æнæниздзинадимæ сывæллæттæн, сидзæртæн, профилактикӕйы кусæндæтты кӕнӕ ахӕстоны бынӕтты чи ис, уыцы ӕнахъомтӕн. Рӕзгӕ фӕлтӕрӕн бюроимӕ æмархайд у барадон ахуырдзинадмӕ ахсджиаг къахдзӕф.

Нæ мадзæлтты архайджыты нымæц парахат кæнæм. Кæд раздæр сæ фылдæр уыдысты сывæллæттæ, æнахъомтæ, уæд ныртæккæ та хистæртимæ дæр кусæм. Уымæй уæлдай ма ацы ахуырты фæрцы æрбацæцджытæ райсынц барадон уагæвæрды фæдыл бындурон зонындзинæдтæ.

Бадзырд фыст кæй æрцыд, уый фæрцы бюройы специалисттӕ суыдзысты Фыццӕгты Змӕлды зондамонджытӕ. Дæсныты разамындӕй фӕсивӕд ахуыр кӕндзысты барады бындуртыл, ахуыр кӕндзысты ӕмбаргӕ уынаффӕтӕ хӕссыныл ӕмӕ активон граждайнаг позици ӕвдисыныл.

Цæгат Ирыстоны Паддзахадон юридикон бюро æмæ Фыццæгты змæлды хсæн бадзырд фыст кæй æрцыд, уый æнæмæнг у ахсджиаг æмæ хъæугæ. Афтæмæй уæрæхдæр кæнынц гæнæнтæ, сæ барадон бартæ бахъахъхъæнын цы адæмæн хъæуы, уыдонæн æххуысы.

Ныридӕгӕн арӕзт ӕрцыд иумӕйаг мадзӕлтты пълан. Проект «Классные встречи»-йы фӕлгӕты скъоладзаутӕн ӕмӕ студенттӕн сӕ бон уыдзӕн сӕрмагондӕй ныхас кӕнын практикон юристтимӕ.

Зондамонджыты сæйрагдæр хæс — фæлтæрддзинадæй фæхай кæнын, хистæртæ æмæ кæстæрты хсæн æмархайд, фидæны раст фæндагыл æрлæууыны гæнæн, дæсныйад равзарынæн æххуыс.

“Фыццӕгты Змӕлдӕн” ахӕм æмгуыстад у рӕзыны, пайдайаг зонындзинӕдтӕ исыны ӕмӕ фидӕнмӕ ныфсджындӕрӕй кӕсыны фадат.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Ход истории I Скифы
28.08.2026
Хӕдзарадон I Зæххыты æмæ фыййæутты кадавардзинад  
28.08.2026
Æфсæддон дохтыры Бон, Цæгæраты Максимы юбилей æмæ нæ музыканттæ Китайы I Йæ рæстæгыл
28.08.2026
Выборы-2026. Дебаты
28.08.2026
Многоликое искусство I Доброе утро, Осетия!
28.08.2026
27.08.2026 I Фæд
27.08.2026
27.08.2026 I Ирон чат
27.08.2026
27.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
27.08.2026
Амина Боранти I Истории из жизни
26.08.2026
Валерия Гагарцева I Дело мастера
26.08.2026
Межнациональные браки I Среда влияния
26.08.2026
День актера I Доброе утро, Осетия!
26.08.2026
Белла Бериева I Профессиональный путь
25.08.2026
Йæ рæстæгыл I 25.08.2026
25.08.2026
25.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
25.08.2026
Все рекомендуемое