Кæцыдæр фæндæгты кой кæнгæйæ, канд шофырты зæрдæтæ не сриссынц, фæлæ бæлццæтты дæр. Иутæ сагъæс кæнынц æвзæр фæндæгты аххосæй сæ машинæтæ кæй хæлынц, ууыл. Иннæтæ та дзыхъхъыты æмæ къуыппытыл цæуæг транспортыл бадгæйæ се `нæниздзинадæн стæрсынц. Афтæ сæ сцæгъды. Адæмы `хсæн ма суанг худæгæн баззад ныхас – Дзæуджыхъæуы фæндæгтыл æхсыр алас æмæ дзы нæлхæ схаудзæн, зæгъгæ. Ахæм фæлварæн нæма сарæзтам, фæлæ не сфæлдыстадон къорд ацы хатт бабæрæг кодта Гæдиаты Цомахъы номыл уынг. Уæллæй, фæфæсмон кодтам, нæ уацхæсджытæ `хсыр кæй н` аластой, ууыл. Афонмæ æгас редакцийæ нæлхæимæ бадтаиккам.
Стыр дуртæ, дзыхъхъытæ, кæмдæрты ма дзы зынынц асфальты гæбæзтæ. Фарон фæндаджы ацы хайыл хæтæлтæ куыд ивтой, афтæ æнæ цалцæгæй баззад. Йæ фæстиуджытæ та шофыртæ сæхиуыл æххæстæй æнкъарынц. Уæвгæ, Гæдиаты Цомахъы уынг нымад у сæйрагдæр уынгтæй иуыл. Кæддæриддæр ыл бирæ машинæтæ фæцæуы.
Æрæджы фæндагмæ баластой хуыр, райдыдтой дзы дзыхъхъытæ æмбæрзын. Шофырты цинæн кæрон нал уыд, афтæ æнхъæл уыдысты æмæ йæм зилын райдыдтой. Фæлæ, фæндагыл бон 10 цыдæй къаддæр чи нæ кæны, уыцы маршрутон такситы шофыртæ фыдæнхъæл фесты. Фæндагыл хуыздæрырæм ивддзинæдтæ не рцыд.
Дзæуджыхъæуы администрацийы æмбарын кæнынц – дзыхъхъытæ хуырæй кæй байдзаг кодтой, уый рæстæгмæйы фæрæз у. Фæнд æй кодтой асфальтæй бамбæрзын, фæлæ фæуазал. Фадат сын нал уыд дарддæр базмæлынæн. Цалцæггæнæн куыстытæ та уымæн ныддæргъвæтин сты æмæ коммуналон службæтæ сæ архайд афоныл нæ фесты. Ныр горæты администрацийы æнхъæлмæ кæсынц, кæд фæхъарм уыдзæн, уымæ. Уæд фæндаджы цалцæг сног кæндзысты æмæ йæ куыд æмбæлы, афтæ скæндзысты.
Зæххы бын коммуникацитæ баивтой Доваторы проспектæй Гастеллойы уынджы онг. Куыддæр фæхъарм уа, афтæ йæм базилынæй зæрдæ æвæрынц горæты администрацийы. Фæлæ Гастеллойæ Коцойы-фырты уынджы онг дондзæуæн системæйы цалцæгмæ кæд бавналдзысты, уый нырма бæрæг нæу. Уæдмæ та уал фæндаг хайгай цалцæг кæнын хорз бæргæ нæу. Афтæ та иу фарста йæ фæдыл иннæйы расайдта – ома, фæндаджы цалцæг бæлвырд кæд райдайдзæн, уый зæгъын никæй бон у.
















