Ламидæтты цыхцырджытæ Хъæрмæдонмæ фæндагыл хид сæ разæй ахастой. Райсомæй та уыцы ран ламидон йемæ ахаста дыууæ адæймаджы. Дыууæ туристæй иу хъæдгæмцæфтæ фæци, фæлæ уый хыгъд нæлгоймаг баззад удæгас, сылгоймаджы хъысмæт та ацы сахатмæ бæрæг нæу.
Дыууæ бæлццоны æрцыдысты Ленинграды облæстæй. Сæ балцвæды тыххæй ирвæзынгæнджытæн рагагъоммæ нæ фехъусын кодтой. Æвзæр боныхъæд ма ахæсдзæн 12 августмæ. Уымæ гæсгæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ сидынц цæрджытæм, цæмæй сæ балцыл рагацау хъуыды кæной æмæ тæссаг рæттæм ма цæуой.