Ацы кадртæ апарахат сты социалон хызæгты æмæ сæнкъуысын кодтой æхсæнад. Дысон изæрæй тагъд æххуысы клиникон рынчындоны магистралон хæтæл кæй атыдта, уый аххосæй улæфæн системæйы куыст медицинон уагдоны æрлæууыд. Улæфæн аппаратттæ нæ куыстой 4 минуты. Хъыгагæн, уый аххосæй реанимацийы амард 9 пациенты. Слестгæнæн комитет байгом кодта уголовон хъуыддаг. Прокуратурæ æмæ æнæниздзинадмæ цæстдарды управленийы кусджытæ аразынц сæхи басгæрстытæ.
Туаггыры системæ тагъд æххуысы клиникон рынчындоны атыдта изæры 6 сахатмæ ’ввахс. Аварийы рæстæг уагдоны реанимацийы уыд 71 адæймаджы. Туаггуыр ногæй дæттын райдыдтой резервон линийæ. Æвирхъау цауы аххосæй фæмард 9 адæймаджы. Се ‘ппæт дæр уыдысты уæззау уавæры. Дохтыртæн бантыст 4 адæймаджы фервæзын кæнын. Аварийы фæстæ бынатмæ æвæстиатæй æрбахæццæ сты æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ. Æнæхъæн æхсæв бынаты цыдысты цалцæггæнæн куыстытæ.
Рынчындонмæ уайтагъд сæмбæлдысты регионы разамонӕг Сергей Меняйло æмæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан. Æхсæвы республикæмæ æрбаластой туаггуыры æртæ тоннæйы Кæсæг-Балхъарæй. Иннӕ 15 тоннæйы ма æрбаластой Краснодар æмæ Стъараполы крайæ. Уыимæ ма, Мæздæгæй Дзæуджыхъæмæ схæццæ Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады колоннæ. Рынчыдонмæ æрбаластой туаггуыр. Нæ бæстæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Михаил Мурашкойы уынаффæмæ гæсгæ, республикæмæ ссыдысты реаниматологтæ æмæ анестезиологты къорд. Уый размæ, аварийы фæдыл уголовон хъуыддаг байгом кодта Уæрæсейы слестгæнæн комитет. Слестгæнæн мадзæлттæ куыд цæуынц, уымæ йæ цæст дардзæн федералон профилон комитеты сæрдар Александр Бастрыкин.
Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны æвирхъау цауы фæдыл басгæрст сарæзта республикæйы прокуратурæ.
Абон рынчындоны хъуамæ скуса туаггуыры сæйраг системæ. Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тебиаты Сослан. Системæ цæй аххосæй фæкъуылымпы, уый сбæрæг кæндзысты специалисттæ. Ныртæккæ рынчындоны ис туаггуыры 15 тоннæйы. Республикæйы медицинон уагдæтты сараздзысты туаггуыры станцæтæ.
Рынчынтæм туаггуыр нæ лæвæрдтой 4 минуты дæргъы, медицинон уагдоны сæйраг дохтыры хæдивæг Гуытъиаты Лянæйы ныхæстæм гæсгæ. Дыууæ минуты фæстæ уæззау рынчынтæн райдыдтой резервон баллонтæй дæттын туаггуыр. Иннæ 14 минуты фæстæ туаггуыр лæвæрд цыд æххæстæй.
Сергей Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ, республикæмæ схæццæ уыдзæн лицензион къорд. Сараздзысты регионы медицинон уагдæтты туаггуыры системæты басгæрст. Профилон министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ныртæккæ республикæйы рынчындæттæ ковидæй рынчынтæн чи æххуыс кæны, уыдон се ‘ппæт дæр ифтонг сты туаггуырæй.
Хуасдзауты Алинæ
















