Ныры дуджы геополитикон зындзинӕдтыл ӕрдзырдтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Конференци сӕмбырд кодта хицауады минӕвӕртты, ахуыргӕндты ӕмӕ ӕхсӕнадон архайджыты. Кадджын уазджытӕ — Цӕгат Ирыстоны раздӕры президент Дзасохты Алыксандр ӕмӕ Иугонд Нациты Организацийæн ӕххуысы ассоциациты æппӕтдунеон федерацийы вице-президент Алексей Борисов. Сӕйрагдӕр темӕтӕй иу у Кавказы уавӕр. Спикертӕ бавнӕлдтой социалон-политикон æууæлтæ, паддзахадон цард фидар кӕнын ӕмӕ нырыккон уавӕрты экономикон рацарӕзтмӕ.
Сентябры фæнд кæнынц иумæйаг конференци скæнын, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, Мӕскуыйы дунеон ахастдзинӕдты паддзахадон институт æмæ Иугонд Нациты Организацийæн ӕххуысы ассоциациты федерацийы ‘хсæн. Ӕрбамбырд уыдзысты раззагдӕр эксперттӕ, социологтӕ ӕмӕ политологтӕ. Æддагон бастдзинӕдты рӕзтӕн ӕнӕмӕнг хъӕуы республикӕйы архайд ӕппӕтадӕмон форумты. Мадзалы уыдысты студенттӕ дӕр. Уыдонӕн уый у ахсджиаг фӕлтӕрддзинад, фӕнысан кодта ректор Огъуаты Алан. Университет 30 азӕй фылдӕр ӕххӕст кӕны дунеон экономикон ахастдзинӕдты программæ.
















