preloader
сейчас в эфире
21:12
НОВОСТИ 12+
Смотрите Далее
21:20
СЕВЕРНЫЙ КАВКАЗ 12+
22:20
СПЕКТАКЛЬ "АГОРАГÆ ЕРАГÆ 'Й" 12+
23:10
ВЫБОР ЗА ТОБОЙ 16+
ТВ ПРОГРАММА
НОВОСТИ 12+
close

Хӕххон паддзахадон аграрон университеты уалдзыгӕнд культурӕтӕ ӕфснайын райдыдтой дӕргъвӕтин къӕвдаты фӕстӕ

7.08.2026 13:47

Кусджытӕ архайынц ӕнӕулӕфгӕйӕ.

Сысджыйы æфсир ӕмхуызон нӕ цæттæ кӕны. Уӕллаг хай тагъд ахус вæййы. Уымӕ гӕсгӕ йӕ дымгæ, гæнæн ис, æмæ æрызгъала, цалынмæ йе ‘фснайынмæ бавналай, уæдмæ. Ныртӕккӕ Хӕххон аграрон университеты быдырты архайынц æвæстиатæй. Сæрдыгон куыстытæ ацы культурæйæ фæвæййынц.

Ацы аз-иу боныхъӕд фылдæр хатт зæхкусджыты фарс нæ уыд. Тыхджын къӕвдатӕ урӕдтой техникӕ. Уымæлад бæрзонд кӕй уыд, уымӕ гæсгæ хӕмпӕлгӕрдӕг тагъд зад. Тыллӕг фервӕзын кӕныны тыххӕй университеты специалистты ӕппӕт хуымтӕм дӕр гербицидтæ хæссын бахъуыд.

“Фарон тыхстыстæм хус рӕстӕгæй. Ацы аз нæ бахъыгдæрдтой къӕвдатӕ. Уалдзӕг ӕмӕ сӕрд уыдысты тынг къӕвдаджын. Уый аххосӕй тыллӕг афоныл ӕмбырд кӕнын нӕ бон нӕ уыд. Фӕлӕ ныртӕккӕ кусӕм. Бӕрзонд уымӕладмæ гæсгæ-иу хӕмпӕлгӕрдӕг хæрдмæ ныццавта. Хуымтӕм базылдыстӕм сӕрмагонд буаргъдтæй. Уыцы фарста алыг кодтам, фӕлӕ тыллӕджы иу хай уӕддӕр фесæфт”.

Фæлæ къæвдатæ пайда дæр æрхастой. Зӕхх бирӕ дон райста. Фаронимæ абаргæйæ, ацы аз ӕфсир фæбӕзджындæр, хор — фæудджындæр. Зæгъæм, нартхоры 250 гектары сæ фаг уымӕлад райстой. Ам зæрдæ дарынц æрмæст хорз тыллӕг ӕрӕмбырд кӕныныл.

“Ацы аз тыллӕгӕрзад хъуамæ уа фаронӕй бирӕ бӕрзонддӕр. Уый ныридӕгӕн бӕрӕг у фӕззыгӕнд культурӕтыл. Нартхормӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Фарон хус рӕстӕг скодта. Ацы аз боныхъӕд у къӕвдаджын ӕмӕ сатӕг, уымӕ гӕсгӕ зайы хорз. Нӕ зӕрды ис республикӕйы рӕстӕмбисӕй фылдæр тыллӕг сисын”.

Сысджыйы иу хай ныууадздзысты мыггӕгтæн. Иннӕ хор фермӕмӕ арвитдзысты. Кусджытӕ архайынц ӕнӕулӕфгӕйӕ. Ныртӕккӕ техникӕ цӕттӕ кӕнынц сӕйраг ӕмӕ стырдӕр къӕпхӕнмæ — нартхор ӕфснайынмӕ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Дæ райсом хорз, Ирыстон! I 20.10.2026
20.10.2026
19.10.2026 I Самое время
19.10.2026
19.10.2026 I Доброе утро, Осетия!
19.10.2026
В итоге: 18.10.2026
18.10.2026
Секреты приготовления настоящего осетинского сыра I ИрониЯ
18.10.2026
Алиса Гокоева I Tabula Rasa
17.10.2026
Дзотты бинонтæ | Бинонтæ
17.10.2026
Гвардия I 17.10.2026
17.10.2026
Кувæг Ир I Елиайы бæрæгбон
17.10.2026
Традиция Веры I 17.10.2026
17.10.2026
Хъолайы цъити, ахуырад æмæ театр «Шкит»-ы гастрольтæ | Йæ рæстæгыл
16.10.2026
Алан Лазаров | По большому счету
16.10.2026
16.10.2026 I Хæдзарадон
16.10.2026
Доброе утро, Осетия! I 16.10.2026
16.10.2026
167-летие Коста Хетагурова; Елена Ксенофонтова, Георгий Дронов и Юлия Тельпухова во Владикавказе и актуальные новости недели | Самое время
15.10.2026
Все рекомендуемое