Сывæллæттæн аивады дунемæ фæндаг амонын. Ахæм дæсныйад йæхицæн равзæрста Хæбæлонты Галинæ. Ныр йæ ахуыргæнинæгты ‘хсæн ис бирæ курдиатджын фæсивæд. Сæ фылдæр та йæ ӕххӕстӕй бамбæрстой, ныв кæнын царды дæсныйадӕн кæй равзардзысты, уый. Сабитæм æмæ йæ дæсныйадмæ уарзон цӕстӕй кӕй кӕсы, уый фæрцы гимназ «Диалог»-ы ахуыргæнæджы æрæджы банымадтой республикæйы хуыздæр ахуыргæнæгыл. Йæ уроктæ йын бабæрæг кодтой ме ‘мкусджытæ дæр.
Ахуырдзауты сцымыдис кӕнын. Алы сывæллоны цæстыты дæр аивады цæхæр фенын. Хæбæлонты Галинæ нывкæнынады ахуыргæнæгæй кусы ныр 20 азæй фылдæр. Йæ уроктæ скъоладзаутæн сты бæрæгбонау. Алчидæр ам йæхи удыхъæдмæ ‘ввахс курдиат раргом кæны.
Ахуыргæнæджы дæсныйад Галинæ раджы бауарзта. Кæддæриддæр-иу каст йæ хистæр æмкусджытæм, сæ фæлтæрддзинад сын фæзмыдта. Уыцы иу рæстæг агуырдта йæхи сæрмагонд стиль. Фæлвæрдта, æмæ йæ алы фæлварæн дæр хуыдта бæрзондæй бæрзонддæр къæпхæнмæ йæ дæсныйады. Йæ куысты сæйрагдæрыл нымайы сывæллæттæм уарзондзинад.
Йæ ахуырдзаутæн хуымæтæг ахуыргæнæг нæу, фæлæ сын у зондамонæг. Фæсурокты цы фӕкусынц, уый дæр зоны. Цин сын кæны се сфæлдыстадон æмæ спортивон æнтыстытыл. Арæхстгай фæндаг ссары алы скъоладзауы зæрдæмæ дæр. Хонгæ дæр сæ кæны йæ уарзон сывæллæттæ.
Уыцы иу рæстæг — æрвылбон хъæуы хиуыл кусын. Æнæ уымæй дæсныйады уæлдæр къæпхæнтæм не схиздзынæ. Уый фæрцы та æрæджы Хæбæлонты Галинæйы царды æрцыд ахсджиаг хабар. Сси конкурс «Учитель года»-йы уæлахиздзау. Йæ цины æнкъарæнтæ не ‘мбæхсы. Æркасты цы зонындзинæдтæ райста, уыдон ын йæ дарддæры куысты тынг феххуыс уыдзысты.
Дарддæр Галинæмæ æнхъæлмæ кæсы ног фæлварæнтæ. Ацы æнтыстдзинадыл æрлæууынымæ нæ хъавы. Афтæмæй та ахуырады системæ дæр хæрзхъæддæр æмæ фидардæр кæндзæн.
















