preloader
сейчас в эфире
04:27
ИРОН И Я 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
05:00
МУЛЬТФИЛЬМЫ 0+
05:30
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ИРОН И Я 12+
close

Хæдзарон тæрхъустæ дарыны куыст

27.12.2017 11:30

Хъæууон хæдзарады темæ дарддæр ахæццæ кæндзыстæм. Паддзахады `ххуысæй йæ къæхтыл чи слæууыд, ахæм хи хæдзарæдтæ дзæвгар ис нæ республикæйы. Уыдонæй иутæ – Тменаты бинонтæ.

Хъæууон хæдзарады темæ дарддæр ахæццæ кæндзыстæм. Паддзахады `ххуысæй йæ къæхтыл чи слæууыд, ахæм хи хæдзарæдтæ дзæвгар ис нæ республикæйы. Уыдонæй иутæ – Тменаты бинонтæ. Бавдæлдысты, æмæ райдыдтой хæдзарон тæрхъусты куыст кæнын. Куыдфæстæмæ сын бабирæ сты, æнæхъæн хæдзарад дзы рауад. Цæрæгойтæм кæсын æнцон нæу, фæлæ бинонтæ сæрæн фæлæууыдысты зындзинæдты ныхмæ. Ныр сæ фидæнмæ кæсынц уæндондæрæй, тырнынц ног нысантæм. Фæзминаг бинонты бабæрæг кодтой не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ дæр.

Тменаты бинонтæ æрæджы райдыдтой кроликты, кæнæ та хæдзарон тæрхъусты дарыны куыст. Ис сæм сæдæмæ ввахс цæрæгойы, уыдон мæй иу хатт рауадзынц лæппынтæ. Амалгæнджытæ фермæ саразыныл бахардз кодтой милуангай сомтæ, баххуыс сын кодта паддзахад дæр. Уый тыххæй республикæйы кусы сæрмагонд программæ, уымæ гæсгæ дыууæ мин æхсæрдæсæм азы райстой грант – астсæдæ сомæй уæлæмæ. Хъæууон хæдзарады министрады куыд зæгъынц, афтæмæй, ахæм æххуысмæ бирæтæ æнхъæлмæ кастысты, фæлæ бюджеты фæрæзтæ уый нæ амыдтой.

Хæдарцаты Зарæ: «Фермеры куыст æрæджы чи райдыдта кæнын, уыдон фылдæр къуылымпы ййафынц æхцайы фæрæзты тыххæй. Фаг не сты. Уымæ гæсгæ дыууæсæдæ фæндзай адæймагæй æрмæст сæдæ адæймаджы   растой æхцайы æххуыс. Æнæхъæн бинонтæй чи кусы фермæйы рæзтыл, уыдон та иууылдæр».

Тменаты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй, хæрзхъæд фосы мыггаг, уæлдайдæр та хæдзарон тæрхъустæ дарыны куыст нæ республикæйы парахат нæу. Афтæмæй та пайда у: дзидза æмæ цæрмттæй райдайгæйæ хæрзхъæд фосы мыггаг сбирæ кæныны онг. Тæрхъустæм зилынц йæ бинойнаг Анжелæимæ иумæ.Сæ ныхæстæм гæсгæ, раздæр уал интернеты бакастысты, куыд æмæ цы гæнгæ у, уый. Фæстæдæр Прохладныйы базары балхæдтой цалдæр тæрхъусы. Афтæ сабыргай сæ фермæ рæзын райдыдта.

Гутнаты Анжелæ: «Нæ республикæйы тæрхъустæ дарыны куыст парахат нæу, уымæ гæсгæ нæ бафæндыд. Райдыдтам фыссын пълан. Хицауадæн нæ хъуыды сæ зæрдæмæ фæцыд, радтой нын грант – цыппарсæдæ дыууын мин сомы. Аразын райдыдтам къалатитæ. Ракуырдтам ма хицауадæй æххуыс æмæ нæм фæкаст цыппарсæдæ сомæй. Нæ дыууæмæйдзыд æмæ æртæмæйдзыд тæрхъусты уæй кодтам Кæсæджы æмæ Цæцæны».

Тæрхъусты мыггæгтæ сты «советон шиншиллæ», «шоколадæй фыс», «немыцаг строгач», «калифонийаг», «ног зеландийаг сырх», «бурбын сырх», «полтаваг æвзист». Бакæсгæйæ – уындджын æмæ егъау. Сæ уæз у иуæндæс килограммæ ввахс. Сæ фылдæрыл Цæгат Кавказы стæм хатт сæмбæлæн ис. Аслам не сты. Зæгъæм, фландрæн йæ аргъ у фынддæс мин сомы. Уæдæ тæрхъустæн сæ дарын дæр аслам нæу, хойраджы иу голлаг сын бон фаг дæр нæ кæны. Уæлдай тынгдæр тæрхъустæ уарзынц уырыдзы æмæ фæткъуытæ.

Фермер куыд зæгъы, афтæмæй, тæрхъусы дзидза у пайдадæр. Бæззы сывæллæттæн дæр. Владимиры йæ тæрхъустæм куыд зилы, уымæ гæсгæ сæ фыд у иттæг хорз. Тменаты фермæйы æрмæст кроликтæ нæй. Ис ма сæм кæсæгтæ æмæ мыггаджы кæрчытæ æмæ уасджытæ, сæ уæз авд килограммæ хæстæг, кæмæн свæййы ахæмтæ. Уæлдай тынгдæр та сæ зæрдæ райы сæ хъæрмуатæй, уый руаджы сæ бирæ фос холлагцух никуы вæййынц. Афтæмæй сæхæдæг дæр цæрын фæразынц.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
15.10.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
15.10.2026
Хетæгкаты Къостайы кадӕн I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
15.10.2026
Абдурасул Казаков I Дело мастера
14.10.2026
Профилактика терроризма среди молодёжи I Национальные интересы
14.10.2026
Пробуем неизведанное I Доброе утро, Осетия!
14.10.2026
Хетæгкаты Къостайы 167 азы, тромбозимæ тох кæныны мадзæлттæ æмæ Беслæны адæмон театр | Йæ рæстæгыл
13.10.2026
Залина Караева I Профессиональный путь
13.10.2026
Микрозаймы I Разбор полетов
13.10.2026
Психологы амынддзинæдтæ æмæ поэзийы тых I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.10.2026
Мамиаты-Чехойты Евгения I Фæрдгуытæ
12.10.2026
12.10.2026 I Самое время
12.10.2026
Кинезиология и гирудотерапия I Доброе утро, Осетия!
12.10.2026
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
В итоге: 11.10.2026
11.10.2026
Инсулинорезистентность I Медикум
11.10.2026
Все рекомендуемое