Уый хуымӕтӕг ныхӕстӕй у фидӕны картофы фыццаг фӕлтӕр. Иу иннӕйы фӕдыл лаборанттӕ æвзарынц сæ тауинæгтæ, исынц æрмæст хуыздæр бынтæ.
Кебегты Зауырӕй комкоммӕ аразгӕ у фидӕны мыггаджы хъысмӕт. Æнтæфæн æмæ уымӕлӕн фӕразон, низтӕн ӕнӕфӕзынгӕ, сӕйрагдӕр та хӕрзад — ацы миниуджытæ фæзындзысты æрмæст селекцийы дарддæры къæпхæнтыл, ныр та уал хъӕугӕ æвзар лаборант бӕрӕг кӕны æркæсгæйæ. Ацы архайды ныр дыууæ азы ис, уыцы рæстæгмæ хорз тауинæгтæ бирæ федта. Зæгъы, ацы хъуыддаджы хатдзæгтæ рагагъоммæ скæнын алы хатт нæ рауайы, гибридтæ вæййынц алыхуызон.
Ныртӕккӕ, ӕрмӕст ацы къоппыты ис 6 мин хуызӕгӕй фылдӕр — се ‘ппӕт дӕр сты иу мыггагæй, фӕлӕ сӕ тагъд адих кӕндзысты — цалдӕр мин бынæй фæбæздзæн æрмæстдæр иу.
Тауинæгтæ хоныны бары тыххӕй ам цӕуы ӕцӕг тох — ӕрмӕст селекцийы рӕстӕг бынтæ байтауынц цалдæр хатты, уыимæ сæ равзарынц — вирусты, боныхъӕды ӕмӕ тыллӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууыны тыххӕй, уый фӕстӕ хуызӕгтӕ раивынц мæрмæ, хъӕугӕ гибрид ист куы ‘рцӕуы, уӕд ӕй арвитынц паддзахадон экспертизӕмӕ. Лабораторон хъæрмуатæй хæдзары цӕхӕрадонмӕ бахауыны размæ, гæнæн ис, æмæ рацæуа дæсгай азтæ.
Къоппытæй хуыздӕр бынтæ раивдзысты Фыййагдоны хуымтӕмтæм — уым сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы басгӕрсты кӕронбӕттӕн къӕпхӕн. Ацы хуызӕгтӕ зайынц бакусынӕн – сфыцынӕн кӕнӕ чипсытæ скӕнынӕн. Университ ныридæгæн цалдæр æнтыстджын тауинаджы рауагъта, афтӕмӕй ирон агрономийы ног уӕлахиз дард нӕу.
















