Адæмон хъæзтыты æмæ национ спорты хуызты æппæтуæрæсеон фестиваль абон байгом кодтой Дзæуджыхъæуы. Ахæм егъау спортивон мадзал сарæзтой 9-æм хат. Архайдтой дзы Цæгат Кавказы Федералон Зылды ахуырдзаутæ. 400 спортсменæй фылдæр – Кæсæг Балхъарæй, Хъæрæсе-Черкессийæ, Дагестанæй, Цæцæнæй æмæ Стъараполæй. Се*хсæн Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ дæр. 2 боны уыдон ерыс кæндзысты спортивон хъæбысхæстæй, дзæдойæ æмæ спорты æндæр хуызæй. Уымæй уæлдай ма, сæ арæхстдзинад æвдисдзысты кафынæй æмæ зарынæй дæр, стæй адæмон сфæлдыстады æууæлтæ зонынæй. Абон сæ арæхстдзинад равдыстой! Кадджын мадзалы уыди не сфæлдыстадон къорд дæр. Бакæсæм нæ уацхæссæг Къуымæлæгкаты Фатимæйы æрмæгмæ.
Цæгат Кавказы республикæты минæвæрттæ æрымбырд сты Цæгат Ирыстоны. Ам фарæстæм хатт райдыдта адæмон хъæзтыты æмæ спорты национ хуызты æппæтуæрæсеон фестиваль. Мадзал 8 хатты арæзт уыд Дзæуджыхъæуы. 21 æмæ 22 майы спорты галуан «Манеж»-ы ерысты архайджытæ фæлвардзысты сæ тыхтæ.
Грекъаг-ромаг æмæ уæгъдибар хъæбысхæст, дзюдо æмæ æндæртæ. Архайджытæ сæ арæхстдзинад æвдисдзысты спорты алы хуызты дæр. Спортæй уæлдай ма фæсивæд акæндзысты алы адæмыхæттыты кæфтытæ. Азардзысты хъæдзæг зарджытæ. Фестивалы архайджытæ сты 2003-æм æмæ 2004 азты гуырд чызджытæ æмæ лæппутæ.
Ацы аз фестивалы программæ мæ бафтыдтой ирон хъæзтыты хуызтæ дæр. Сæ тыхтæ бавзарыны бар дзы уыд алкæйы бон дæр. Мадзал аразджыты куыд зæгъынц, афтæмæй ирон хъæзтыты хуызтæ фæнд кæнынц фестивалы программæмæ бахæссын.
Мадзал сарæзтой «Юность России»,зæгъгæ æхсæнадон организацийы регионалон хайады уæнгтæ, республикæйы физкультурæ æмæ спорты æмæ ахуырад æмæ наукæйы министрады хъæппæрисæй. Бæрæгбон рауад æцæгæйдæр рæсугъд æмæ цымыдисаг.
Абайты Алан, æхсæнадон организаци «Юность России»-йы сæрдар: «Ацы фестивалæн йæ сæйраг хъуыды у сывæллæтты хсæн хæлардзинад райгуырын кæнын. Рæзгæ фæлтæр ахæм хуызы адæмыхæттыты æгъдæуттæ æмæ культурæ хуыздæр базондзысты. Фестивалы архайджыты нымæц азæй-азмæ фылдæр кæны».
Ерысты фæстæ сараздзысты кæронбæттæны мадзал. Турниры архайджыты схорзæхджын кæндзысты кады гæххæтытæй æмæ зæрдыл дарæн лæвæрттæй.
Къуымæллæгкаты Фатимæ















