Хæрзаудæн хъæппæрис паддзахадон структурæты æмæ æхсæнадон организациты æнгом кæны иу нысанимæ – æнæхæдзар цæрæгойтæн баххуыс кæнын. Акцийы фарс рахæцыд республикæйы сæргълæууæг, ныридæгæн ын ис хорз хатдзæгтæ.
Цæрæгойтимæ бастдзинад адæймаджы кæддæридæр кодта хæларзæрдæ æмæ амондджындæр. Абон уыцы бастдзинад æрбангом кодта цалдæр куыстуаты. Сæргълæууæг цы хъæппæрисы ‘вварс рахæцыд, уый руаджы куыйтæн фæзындзæн ног уавæртæ.
Æнæмæнг, бæрнон æмæ ахсджиаг хъуыддаг у. Æппæт уавæртæ дæр сын уыдзæн. Сыгъдæг æмæ зылд. Уæдæ хæринаг дæр афтæ. Зæрдæ сæм не ‘хсайдзæн.
Ацы хъуыды хæрзаудæн æмæ хумæтæг у, фæлæ ахсджиаг. Паддзахадон организациты кусджытæ цæттæ сты æнæхæдзар куыйты исынмæ приютæй, балæвар сын кæнын хъæугæ æркаст æмæ узæлд. Уæвгæ та, æххуыс канд цыппæркъахыг хæлæрттæ сæхицæн хæдзæрттæ æмæ хицæуттæ кæй ссардзысты, ууыл не рлæудзæн. Фæрогдæр уыдзæн питомникы куыст дæр.
Нæхицæн равзæрстам къæбыла. Йæ ног хæдзар уыдзæн нæ куыстуæтты ног бынæтты. Уыдон сты Владгортранс æмæ Владтрамвай. Нæ коллектив у тынг хæлар æмæ æнгом. Цыппæркъахыг хæлармæ се ‘ппæт дæр æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсынц.
Абон сæхицæн хицæуттæ ссардтой æхсæз куыдзы. Рагацау сын сцæттæ кодтой парахат бынæттæ, хъарм будкæ, хæринаг. Иу ныхасæй æппæт уавæртæ дæр, цæмæй сæхи æнкъарой æдас ран. Акцийы архайджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы хъæппæрисимæ уайтагъд сразы сты. Бафæндыдис сæ акцийы бацархайын.
Ацы куыст у тынг ахсджиаг. Уымæн æмæ приютæй куыдз куы райсай, уæд дзы æндæр æнæхицау цæрæгойтæн фæзыны бынат.
Акци нырма æрæджы райдыдта. Тагъд рæстæджы дзы бацархайдзысты æндæр организацитæ дæр. Уый та хорз дæнцæг у не ‘ппæтæн дæр. Æнæхæдзар куыйтимæ баст фарста у актуалон æмæ иумæйагæй нæ бон у уавæр фæхуыздæр кæнын.
















