Хæзныдоны нывыл кæнынц дондзæуæн системæ. Бынаты 1300 метры сæвæрдзысты полиэтиленæй конд ног хæтæлтæ.
Специалистты ныхæстæм гæсгæ Æрæфы районы фарста хъуыд æвæстиатæй иуварс кæнын. Бирæ азтæм ныр Лескены
фыццаг хатт сног кодтой километр доны лини æмæ йæ хъомыс уыдзæн ахадгæ. Аиуварс кодтой Цыколайы Махъоты Алиханы номыл уынджы бирæфатерон хæдзары фарста дæр. Цæры дзы 70 бинонтæ. Уыдон 37 азы дæргъы уыдысты æнæ тæвд донæй, уыимæ сын скусын кодтой сæ хъармгæнæн системæ дæр.















