Паддзахадон гимны зæлтæм æфсæддонтæ тырысатæ рахастой. Ахсджиаг бæрæгбон у — Хуссар федералон зылды 4-æм гвардион Вапняраг-Белинаг Сырх тырысайы, Суворов æмæ Кутузовы орденты Хуссар Ирыстоны æфсæддон сконды равзæрдыл сæххæст 17 азы. Сæрмагондæй ацы бонмæ бацæттæ кодтой хъæздыг программæ — стыр концерт, нырыккон хотыхты хуызæгты равдыст æмæ æппæтæн уарзон быдырон къæбиц. Бæрæгбоны фæдыл раздæр раарфæ кодта Президент Гаглойты Алан.
Абон Хуссар федералон зылды 4-æм гвардион Вапняраг-Белинаг Сырх тырысайы Хуссар Ирыстоны æфсæддон сконды æфсæддонтæ æнтыстджынæй архайынц сæрмагонд операцийы, Запорожьейы. Ссæрибар кæнынц ахсджиаг пункттæ, куынæг кæнынц ныхмæлæууæджы тыхтæ æмæ техникæ. Лæгдзинад æмæ удуæлдайдзинады тыххæй 2500 салдаты хорзæхджынгонд æрцыдысты паддзахадон æмæ ведомствон хæрзиуджытæй. “Цхинвал” фæсномыгимæ хæстонæн радтой Жуковы майдан.
Ацы фæсивæд хи дæнцæгыл æвдисынц — æфсæддонæн Фыдыбæстæйæн лæггад ахсджиаг хæс у. Æмæ ацы хъуыдыимæ æппæт дæр разы сты. Георгий Полищук æфсæддон фæндагыл йæ фыдмæ гæсгæ æрлæууыд. Уый уыдис Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг æфсæддон базæйы командир.
Хуссар федералон зылды 4-æм гвардион Вапняраг-Белинаг Сырх тырысайы Хуссар Ирыстоны æфсæддон базæ республикæйы сæвзæрд Хуссар Ирыстоны хъæппæрисæй. Уый æнæмæнг у суверенитет бахъахъхъæнынæн. Æфсæддон сконды фæрсæй фæрстæм лæууынц Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны граждантæ.
















