preloader
сейчас в эфире
17:58
+
Смотрите Далее
+
ТВ ПРОГРАММА
+
close

Хуынчъытæ транспорт

4.04.2018 16:58

Æрвылбон Цæгат Ирыстоны цæрджыты нæ республикæйы алы къуымтæм цы автобустæ бахæццæ кæнынц, уыдон заууатмæ æрцыдысты.

Æрвылбон Цæгат Ирыстоны цæрджыты нæ республикæйы алы къуымтæм цы автобустæ бахæццæ кæнынц, уыдон заууатмæ æрцыдысты. Бæлццæттæ хъаст кæнынц, ахæм траспорты æрмæст бабадын дæр сæхицæн тæссагыл нымайынц. Дзуаппдæттæг министрады уыимæ зразы не сты. Техникон æгъдауæй, дам, транспортмæ ис æмбæлгæ æркаст, алцæмæй дæр сты ифтонг, уымæ гæсгæ æдасдзинадæн дæр тæссаг не сты. Уæдæ, цымæ, чи у растдæр? Уый раиртасыныл бацархайдтой нæ уацхæсджытæ дæр. Цы сын бантыст, уымæ бакæсут.

65 километры бирæ нæу. Уæдæ Дзæуджыхъæуæй Мызурмæ суайынæн та сахатæй фылдæр нæ бахъæудзæн. Рæстæг адæмыл куыд атæхы, уый зонгæ дæр нæ бакæнынц æрдзы рæсугъд нывтæм кæсгæйæ. Уæлладжыры комы уыдон – фагæй фылдæр. Фæлæ æппæт уыцы диссæгты æхсæн – иу зæрдæхсаинаг хъуыддаг. Æхсæнадон транспорты уавæр цæсты нæ ахады, уый фаг нæу. Фæлæ ма фæндагыл куы базгъæлæнтæ уа, уымæй дæр тæссаг у. Цæуын та йыл фæлварæн радтынæй уæлдай нæу. Мызурмæ фæндагыл кæй сæвæрдтой, уыцы автобусыл рацыд 10 азы. Йе `фсæйнаджы згæ йыл фæрдгуытау дзедзырой кæны. Автобусы фæрстæн сæ хуынчъыты дымгæ нæ, фæлæ нæл гæды дæр асæррæтт кæндзæн. Республикæйы фæндæгтыл æрвылбон цы 170 автобусы цæуы, уыдонæй дæр бирæтæ хуыздæр уавæры не сты. Ахæм транспорты цæуын искæй зæрдæмæ цæуа, уый зын бауырнæн у.

Дзуапдæттæг министрады адæмы басабыртæ кæнынмæ батагъд кодтой: кæд, дам, транспортæн йе `ддаг бакаст аив нæу, уæддæр, зæгъынц, алцæмæй дæр ифтонг у. Уæдæ адæмы æдасдзинады тыххæй дæр суанг басомы кæныныл разы сты. Æрвылбон хæдтулгæтæм æркæсынц техникон æгъдауæй. Шофырты та æнæ медицинон цæстæнгасæй автобусмæ хæстæг дæр нæ бауадздзысты. Бæргæ сæ фæнды министрады дæр ног автобустæ самал кæнын, фæлæ сæ авналæнтæ уый нæма амонынц. Архайынц ыл уæддæр.

Министрады сæ аххос зонынц. Фæлæ адæм дæр паддзахады исбонмæ куыдфæндыйæ кæй кæсынц, уый уынынц. Бæлццæттæ транспорттыл нæ ауæрдынц. Сæ къухтæ иу ран кæмæн нæ лæууынц, æппынæдзух исты знаггад ракæнын кæмæ цæуы, ахæмтæ дæр къаддæр не сты. Автобустæ рæвдздæр ныззаууат уой, ууыл цыма архайынц, афтæ.
Гæззаты Зæринæ, Джиоты Николас,Суанты Алан,Ирыстоны хабæрттæ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Тактика I 29.10.2026
29.10.2026
Подробнее I 29.10.2026
29.10.2026
Самое время I Операции на открытое сердце в республике; реабилитация участников СВО и актуальные новости недели
29.10.2026
29.10.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
29.10.2026
Дæ райсом хорз, Ирыстон ! I 29.10.2026
29.10.2026
Заур Цоков I Истории из жизни
28.10.2026
Диана Худалова | Дело мастера
28.10.2026
Межконфессиональные отношения I Национальные интересы
28.10.2026
28.10.2026 I Доброе утро, Осетия!
28.10.2026
Донифарс. Ледник Тана I Вокзал для двоих
27.10.2026
Тамара Аликова I Профессиональный путь
27.10.2026
Ахуыргæнджыты форум, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс æмæ дохтыры хорзæх I Йæ рæстæгыл
27.10.2026
Инвестиции I Разбор полетов
27.10.2026
27.10.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
27.10.2026
Бибылты Светланæ I Фæрдгуытæ
26.10.2026
Все рекомендуемое