Æнæниздзинад хъахъхъæнынады объектты æмæ ахуыргæнæндæтты разамонджытæн уыд республикон æркасты дыккаг æвзарæн къæпхæн. Алы районтæй дзы архайдтой 137 адæймаджы. Æдæппæтæй æркастмæ сæ гæххæттытæ балæвæрдтой 244 адæймаджы. Уыдонæй 2-аг къæпхæнмæ равзæрстой æрмæст се рдæджы.
Æркасты сæйраг хæс у æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ ахуырады разамонджыты резерв саразын. Уый та уымæн, æмæ арæх ацы къабазты кусæндæттæн æмбæлгæ домæнтæн дзуапдæттæг разамонджытæ нæ вæййы. Æркаст арæзт у нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй. Йæ номæй архайджытæн арфæйы ныхæстæ загъта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы администрацийы разамонæджы хæдивæг Мæрзаты Эврик. Конкурсы дыккаг къæпхæны архайджытæ дзуапп лæвæрдтой бæлвырд фæлтæрæнты фарстатæн.
Сæ куыстытæн сын аргъ скæндзысты жюрийы уæнгтæ – арæзт у æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ахуырады уагдæтты минæвæрттæй. Хуыздæр бæрæггæнæнтæ чи равдиса, уыдон архайдзысты æркасты æртыккаг къæпхæны.
















