Официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ Кемеровойы фыдбылызы фæмард 67 адæймаджы, уыдонæй 40 сывæллæттæ. Агурæн-сгарæн куыстытæ дзы ныртæккæ кæронмæ ахæццæ сты. Регионы цæуынц саударæн мадзæлттæ.
Кемеровойы цæрджытæ та æрæмбырд сты горæты сæйраг фæзы æмæ сарæзтой митинг. Адæм домынц рæстдзинад сбæрæг кæнын, æргомæй фехъусын кæнын зынгсирвæзты аххосæгтæ æмæ аххосджынты карзæй бафхæрын. Кемеровомæ ссыд Владимир Путин.
Фембæлд адæмимæ æмæ сын зæрдæ бавæрдта, хъуыддаг бæстон æмæ æргом раиртасынæй. «Æппæт аххосджынтæ, чи фæнды куы уой æмæ цыфæнды бæрнон бынæтты куы кусой, уæддæр баййафдзысты æфхæрд».
Саударæн акцитæ цæуынц Уæрæсейы алы регионты дæр. Абон Дзæуджыхъæуы цæрджытæ изæры 19 сахатмæ æрбацæудзысты Намысы Мемориалмæ номарæн цырæгътæ ссудзынмæ.
















