Цæмæй хъарм дон æппынæдзух кæла, уымæ Ирыстойнаг уынгыл 38А хæдзары цæрджытæ нал бæллынц. Тастæ æмæ агты йæ стæвд кæнынц. Хуымæтæг æнцонвадат уавæртæ ам диссагæй уæлдай не сты. Æмæ азæй азмæ уавæр æвзæрдæр кæны. Уый бойлеры системæ заууат уавæрмæ кæй æрцыд, уый тыххæй. Пъадвалы цы бойлер ис, уый тых амæлттæй фыццаг æртæ уæладзыджы фаг кæны. Афтæ, æппынкъаддæр, 8 азы дæргъы.
Сыхаг подъезды та хъарм дон быннаг уæладзгуыты дæр нæй. Юлия Просолова 3 сывæллоны мад у. Зынвадат уавæрты цæрынæй бафæлладысты бинонтæ. Сæхи фатеры сæвæрдтой бойлер. Коммуналон лæггæдтæ та сæм кæд хæццæ нæ кæнынц, уæддæр сын æххæстæй фидынц. Семæ иумæ, хи бойлер цы электрон тых нымайы, уый дæр.
Хъарм дон кæй нæ кæлы, уый иунæг фарста куы уаид. Фæлæ хъармгæнæнтæ дæр нæ кусынц фатерты фылдæры.
Сæ уавæр фæхуыздæр кæныны фæдыл иу æмæ дыууæ бæрнадмæ нæ фæсидтысты, фæлæ ницы… Фыстой разамынддæттæг куыстуатмæ дæр. Уым сын дзуапп радтой — бойлер сæ бæрны нæй. Уæдæ кæй у æмæ йæ чи хъуамæ сараза? Уый афтæ дæр нæ рабæрæг.
Цæрджытæ сæ курдиат загътой сæргълæууæгæн дæр, комкоммæ бастдзинады рæстæг. Сергей Меняйло бабар кодта уавæр цыбыр рæстæгмæ аиуварс кæнын. Хъуыддаг хъуамæ разамынддæттæг куыстуат бакодтаид, фæлæ ууыл йæ зæрдæ ничи дардта. Куыстытæм абон бавнæлдта доны куыстуат.
Специалисттæ зæрдæ бавæрдтой, а изæр хæдзæртты хъарм дон кæй ракæлдзæн, уымæй.
















