Ирон æвзаг æмæ ирон культурæйы фарстатæ æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-æй рох не сты. Уыдон сарæзтой æркаст-конкурс, республикæйы скъолаты хистæр кълæсты лæппуты ‘хсæн «Ирон дæн æз», зæгъгæ, номимæ. Фæсивæд сæхи фæлвæрдтой нæ фыдæлты æгъдæуттæ, бæрæгбæттæ æмæ царды фæтк бæлвырдæй зонынæй, ирон царды нæлгоймагмæ цы хауди, уыцы фарстатыл æххæст дзуæппытæ дæттынæй. Æркасты фыццаг къæпхæнтæ уал ацыдысты æппæт районты.
Туаты Алан, республикон æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы уæнг: «Конкурсы домæнтæм гæсгæ алчидæр æххæст кодта сæрмагонд хæслæвæрдтæ. Баст уыдысты, нæ фыдæлтæй нын цы зонындзинæдты æмæ фарны æгъдæуттæ баззад, уыдонимæ. Къухарæхст æмæ æнæзивæг уæвын, хæдзары куыстытæм арæхсын, бахъуаджы рæстæг къухтæм дзæбуг, фæрæт æмæ æндæр кусæнгæрзтæ райсын… Афтæ-иу ахуыр кодтой ирон бинонты сæ лæппуты. Ныры дуджы лæппутæ нæлгоймаджы æппæт миниуджытæй æххæст сты æви нæ, абон ууыл нæ дзурдзыстæм. Абон нæ ныхас у хъомыладыл æмæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны мадзæлттыл. Ахæм хъуыдыйыл хæст сты «Иудзинад»-ы уæнгтæ».
Мæрзоты Тамерлан, республикон æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы уæнг: «Лæппуты хуыздæртæ 26 декабры фембæлдзысты финалы. Ирон бæрæгбон сараздзысты ЦИПУ-йы Культурæйы галуаны. Хуыздæртæй хуыздæрты схорзæхджын кæндзысты Кады гæххæттытæй, зæрдылдарæн лæвæрттæй æмæ æхцайы премитæй».
Уæвгæ, сывæллоны йæ чысылæй цæуыл сахуыр кæнай, ууыл хæст уыдзæн дарддæр дæр. Йæ миддунейы йын цы хæзнатæ байтаудзынæ, уыдон ауаддзысты уидæгтæ æмæ куыд фæстæдæр, афтæ арф бынат ссардзысты сæ зæрдæты. Рæсугъд зæрдæйы хицау та кæддæриддæр адæмæн уарзон свæййы. Аккаг кæстæрты хъомыл кæныны хæс, фыццаджыдæр, ис ныййарджытыл æмæ скъолайыл. Фæлæ æхсызгон у, рæзгæ фæлтæры хъомыладыл чи кусы, ахæм организацитæ дæр кæй ис. Сæ иумæйаг хъарутæй нæ фæсивæд рæздзысты рæсугъдæй, æгъдауыл хæстæй æмæ иннæтæн фæзминæгтæй. Æмæ сæ алкæй бон дæр сæрæстырæй зæгъын уыдзæн «Ирон дæн æз».
Зыхъуаты Жаннæ
















