Коллективон бадзырдты архайд парахат кæны 67,5 мин адæймагыл. Уый у, профцæдистæ цы куыстуæтты ис, уыдоны кусджыты иумæйаг бæрцæй 95% фылдæр. Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй ацыд Цæгат Ирыстоны социалон-фæллойадон ахасдзинæдтæ рацаразыны фæдыл æртæвæрсыг къамисы æмбырд.
Специалистты ныхæстæм гæсгæ, иуварсгонд æрцыд культурæйы къабазы кусджыты мыздимæ баст фарста. Дарддæр æххæстгонд цæуы “Цæгат Ирыстоны социалон райрæзт”-ы паддзахадон программæ 2016-æй 2025-æм азты. Арæзт у организациты кусджыты фæллой хъахъхъæнынад æмæ уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн, уыимæ куысты рæстæг хъыгдард ма руадзынӕн. Премьер фæллойад æмæ социалон райрæзты министрады раз сæвæрдта нысангонд бæрæггæнæнтæ фæхуыздæр кæныны хæс. Уæлдай æргом аздахын бабар кодта, Беслæны теракты хъыгдард чи баййæфта, уыдонмæ.
















