Бутылкæты дзæгъ-дзæгъ та кæддæры хъуыстгонд заводæй ногæй райхъуыст. Куыстуат «Иристонстекло» ногæй скуыста. Бирæтæ æнхъæлмæ кастысты ацы цаумæ. Уыимæ æрмæст хæрзхъæд продукцийы тыххæй нæ, фæлæ ма дзы куысты бынæттæ дæр кæй фæзынд, уый тыххæй дæр. Ныр дзы архайынц 80 адæймагæй фылдæр.
Бирæ азты æгуыстæй цы завод лæууыд, уый ныр æркуыста. Куыстуат «Иристонстекло»- йы æвгтæ цы цехы уадзынц, уый та фæлвары йæ продукци адæмы размæ рахæссынмæ. Ныртæккæ заводы разамындæн ахсджиагдæр у, цæмæй æгас бæстæйыл хъуыстгонд цы завод уыд, уый ногæй йæ кæддæры бынат бацахса. Уымæн стыр æххуыс сты хаццон исджытæ. Ныры онг уыдонæй иу у Дзгойты Эдуард. Куыд нын бамбарын кодта, афтæмæй уый ныртæккæ архайы, цæмæй куыст æнæкъуылымпыйæ цæуа.
Ныртæккæ бутылкæтæ уадзæн цехы фæллой кæнынц 80-ай адæймагæй фылдæр. Заводы цех æрвылбон уадзы авг æмæ авгæй конд бæрцуæттæ. Куыстуат «Солл»-йы директоры ныхæстæм гæсгæ, ныры онг уал кæнынц хуымæтæг бутылкæтæ, фæлæ сæ фæнды, цæмæй сæм фидæны фæзына æндæр продукци дæр. Уыдонмæ хаудзысты банкæтæ, адджын дон æмæ компоты бутылкæтæ. Промышленность æмæ траспорты министрады разамынд нын куыд бамбарын кодта, афтæмæй ацы куыстуат хъуамæ нæ республикæйы экономикон уавæр хуыздæры ‘рдæм аива.
Абон ацы цехы фæллой кæнынц Завод «Иристонстекло» æмæ, Электроцинчы раздæр чи куыста, уыцы кусджытæ. Уыдоны фæлтæрддзинад ныртæккæ зыны куыстуаты цæттæдзинадыл. Фæлæ цæмæй бутылкæтæ уадзыны цех куыд æмбæлы, афтæ куса, уый тыххæй та цех хъуамæ æрцæуа оптимизацигонд.
Ныртæккæ завод «Иристонстекло»-йы бутылкæтæ уадзыны цехмæ хъæуынц, сæрмагонд ахуырад цы специалисттæм ис, ахæмтæ дæр. Уыдон хъуамæ сæ фæлтæрддзинад райдтой иннæ кусджытæн дæр. Дзгойты Эдуарды ныхæстæм гæсгæ, æрæджы нæ горæты цы куыстдæттыны армукъа арæзт æрцыдис, уырдыгæй дæр райстой бирæ адæм. Куыд бафиппайдта, афтæмæй армукъа стыр ахъаз у æрмæст ацы заводæн нæ, фæлæ ма иннæтæн дæр.
Завод «Иристонстекло»- йæн бындур сæвæрдтой 1934 азы. Уæд фыццаг хатт райдыдтой уадзын консервты бæрцуæттæ. 1991 азы Советон цæдис куы фехæлд, уæд та завод райдыдта хуымæтæг бутылкæтæ уадзын. Афтæмæй продукци рæзын райдыдта. Бирæ азты дæргъы завод йæ куыст иу æмæ дыууæ хатты нæ баурæдта. Фæлæ цехы хаццонисджыты уырны, хъуыддаг хорзы ‘рдæм кæй аивдзæн, уый.
Къутæрты Аидæ
















