Цæгат Ирыстоны районты дæр гом кæнынц Ног азы армукъатæ. Мæздæгмæ ссыдысты сыхаг регионтæй дæр. Къухæй рæвдз чи у, уыцы дæснытæ равæрдтой хиконд хъазæнтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Хицæнæй равдысты фенæн ис бынæттон æрмадзты продукци. Канд армукъа нæ, фæлæ ма Мæздæджы йæ хуыз скалдта Ног азы заз бæлас. Кадджын уавæры йæ байгом кодтой. Сæ курдиат дзы равдыстой аивадон къордты минæвæрттæ. Азарыд дзы телепроект «Голос» -ы архайæг Розалина Бевзюк.
Администрацийы кусджыты ныхæстæм гæсгæ, ууыл бæрæгбоны мадзæлттæ нæ фæуыдзысты. Уый хыгъд эпидемиологон уавæры тыххæй, иннæ азты хуызæн афтæ парахатгонд нæ цæудзысты. Æххæст кæндзысты санитарон домæнтæ дæр.
















